https://sputnik-ossetia.com/20220216/uum-basgarsta-tskhinvaly-obektty-zyngsirvazton-adasdzinad--15549600.html
УУМ басгӕрста Цхинвалы объектты зынгсирвӕзтон ӕдасдзинад
УУМ басгӕрста Цхинвалы объектты зынгсирвӕзтон ӕдасдзинад
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ кусджытӕ басгӕрстой дыууӕ административон бӕстыхай ӕмӕ дыууӕ хӕрӕндоны ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, куыд ӕххӕст цӕуынц... 16.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-16T16:36+0300
2022-02-16T16:36+0300
2022-02-16T16:36+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/10/15547204_0:354:1026:931_1920x0_80_0_0_e24327ca5865530aaaf5afcc683b84d5.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ кусджытӕ басгӕрстой дыууӕ административон бӕстыхай ӕмӕ дыууӕ хӕрӕндоны ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, куыд ӕххӕст цӕуынц зынгисвӕзтон ӕдасдзинады домӕнтӕ. Уый тыххӕй ӕртыццӕджы хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ. Банысан ӕрцыд, басгӕрсты рӕстӕджы зынгсирвӕзтон цӕстдарды инспектортӕ кӕй рафӕлгъаудтой ӕдасдзинады домӕнты фехӕлд. Сӕйраг проблемӕ у, объекттӕ ифтонг кӕй не сты зынг ахуыссын кӕнынӕн фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕй. Уагдоны бафтыдтой, ирвӕзынгӕнӕн уагдоны кусджытӕ кӕй адарддӕр кӕндзысты сӕ басгӕрстытӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной объектты зынгсирвӕзтон ӕдасдзинады ӕмвӕзад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/10/15547204_0:258:1026:1027_1920x0_80_0_0_88681d8e2de04388f3636441d750fc63.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
УУМ басгӕрста Цхинвалы объектты зынгсирвӕзтон ӕдасдзинад
ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ кусджытӕ басгӕрстой дыууӕ административон бӕстыхай ӕмӕ дыууӕ хӕрӕндоны ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, куыд ӕххӕст цӕуынц зынгисвӕзтон ӕдасдзинады домӕнтӕ. Уый тыххӕй ӕртыццӕджы хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Банысан ӕрцыд, басгӕрсты рӕстӕджы зынгсирвӕзтон цӕстдарды инспектортӕ кӕй рафӕлгъаудтой ӕдасдзинады домӕнты фехӕлд. Сӕйраг проблемӕ у, объекттӕ ифтонг кӕй не сты зынг ахуыссын кӕнынӕн фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕй.
"Фӕткхӕлдты фӕстиуӕгӕн уагдӕтты хицӕуттӕн сарӕзтой уынаффӕтӕ ӕмӕ снысан кодтой сӕ аиуварс кӕныны ӕмгъуыд", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, ирвӕзынгӕнӕн уагдоны кусджытӕ кӕй адарддӕр кӕндзысты сӕ басгӕрстытӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной объектты зынгсирвӕзтон ӕдасдзинады ӕмвӕзад.