https://sputnik-ossetia.com/20220218/psikholog-stressta-kuy-arambyrd-vayyynts-uad-fazyny-panika-15570161.html
Психолог: стресстӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд фӕзыны паникӕ
Психолог: стресстӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд фӕзыны паникӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хъӕппӕрисӕй Цхинвалы бакондӕуыд психологон ӕххуысы службӕ. Психологон ӕххуыс кӕндзысты специалисттӕ куыд... 18.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-18T17:09+0300
2022-02-18T17:09+0300
2022-02-18T17:09+0300
радио иронау
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/12/15569960_0:132:864:618_1920x0_80_0_0_13a3d032aaf86f032014abf8f0c51eeb.jpg
Къусраты Инга: стресстӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд фӕзыны паникӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Къусраты Инга: стресстӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд фӕзыны паникӕ
Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хъӕппӕрисӕй Цхинвалы бакондӕуыд психологон ӕххуысы службӕ. Психологон ӕххуыс кӕндзысты специалисттӕ куыд хистӕр кары адӕмӕн, афтӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Психолог Къусраты Инга куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ адӕймаг зын уавӕры куы бахауы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы психологон ӕххуыс.Психологы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймагӕн йӕ бон у ӕмӕ хӕдзары куыстытӕй дӕр райдайа ӕвзарын стресс."Ахуыргӕнджытӕн дӕр арӕх вӕййы профессионалон стресс, ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр нӕ бамбарынц, сывӕллӕттӕн куыд райсын кӕнынц психологон травмӕ", - банысан кодта уый.Къусраты Инга ма куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ӕрмӕст хистӕр кары адӕмӕн нӕ, фӕлӕ сывӕллӕттӕн дӕр арӕх фӕзыны паникӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/12/15569960_0:51:864:699_1920x0_80_0_0_ec8bba7e756dcb8d34fe95f8e5fb68ff.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
радио иронау , хуссар ирыстоны, аудио
Психолог: стресстӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд фӕзыны паникӕ
Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хъӕппӕрисӕй Цхинвалы бакондӕуыд психологон ӕххуысы службӕ. Психологон ӕххуыс кӕндзысты специалисттӕ куыд хистӕр кары адӕмӕн, афтӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Психолог Къусраты Инга куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ адӕймаг зын уавӕры куы бахауы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы психологон ӕххуыс.
"Зӕгъӕм, адӕймаг ӕнӕрӕстӕджы фесӕфта йӕ хионы, ӕмӕ рӕстӕг куы цӕуы, афтӕ йӕ рыст тынгдӕр кӕны, уӕд уый цас тагъддӕр райса психологон ӕххуыс, афтӕ йӕ зындзинад фенцондӕр уыдзӕн", - загъта Инга.
Психологы ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймагӕн йӕ бон у ӕмӕ хӕдзары куыстытӕй дӕр райдайа ӕвзарын стресс.
"Ахуыргӕнджытӕн дӕр арӕх вӕййы профессионалон стресс, ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр нӕ бамбарынц, сывӕллӕттӕн куыд райсын кӕнынц психологон травмӕ", - банысан кодта уый.
Къусраты Инга ма куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ӕрмӕст хистӕр кары адӕмӕн нӕ, фӕлӕ сывӕллӕттӕн дӕр арӕх фӕзыны паникӕ.