Югосетпотребнадзоры радзырдтой, куыд фӕивдзӕн карантин кӕныны фӕтк скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты

© Sputnik / Денис Гуков /  Ахизын медиабанкмæЮгосетпотребнадзоры радзырдтой, куыд фӕивдзӕн карантин кӕныны фӕтк скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты
Югосетпотребнадзоры радзырдтой, куыд фӕивдзӕн карантин кӕныны фӕтк скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ахуырадон ӕмӕ скъолайы агъоммӕ уагдӕтты карантинон мадзӕлттӕ ист цӕудзысты ӕндӕр форматы, радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Раздӕр коронавирусӕй рынчыны-иу куы сбӕрӕг кодтой, уӕд дыууӕкъуырион карантинмӕ ӕхгӕд цыд ӕнӕхъӕн класс кӕнӕ къорд. Ныр та COVID-19 профилактикӕйы мадзӕлттӕ уыдзысты КРВИ-йы рынчынкӕнынады рӕстӕджы куыд вӕййынц, ахӕм: карантинон мадзӕлттӕ скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты ист цӕудзысты рынчынкӕнынады ӕмвӕзад 20 процентӕй куы схиза, уӕд", - банысан кодта дохтыр.
Коцты Марина бафтыдта, зӕгъгӕ, санитарон уагдон мониторинг кӕны эпидемиологон уавӕр ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд райсдзӕн карантинон мадзӕлттӕ.
Хуссар Ирыстоны 14 февралӕй сног кодтой сӕ куыст ахуырадон уагдӕттӕ, сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн центртӕ, тренажерон залтӕ, бассейнтӕ ӕмӕ спортивон секцитӕ, кӕцытӕ ӕхгӕд уыдысты 22 январӕй фӕстӕмӕ.
Уый размӕ Коцты Марина фехъусын кодта, санитарон уагдон кӕй фӕкъаддӕр кодта хиизоляцийы ӕмгъуыд дыууӕ къуырийӕ иу къуыримӕ коронавирусӕй рынчынтӕн ӕмӕ семӕ чи контакт кодта, уыдонӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0