https://sputnik-ossetia.com/20220218/zakonma-ivyndzinadty-bakhast-amaliuaggandzhytyl-bandavdzan-avartstsagay-15574002.html
Законмӕ ивындзинӕдты бахаст амалиуӕггӕнджытыл бандавдзӕн ӕвӕрццагӕй
Законмӕ ивындзинӕдты бахаст амалиуӕггӕнджытыл бандавдзӕн ӕвӕрццагӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны министрты кабинет схъӕлӕс кодта, цӕмӕй уӕлбарон кредиттӕ радтыны фӕдыл законмӕ хаст ӕрцӕуой ивындзинӕдтӕ. Ног ивындзинӕдтӕ дӕттынц фадат, цӕмӕй... 18.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-18T15:03+0300
2022-02-18T15:03+0300
2022-02-18T15:03+0300
радио иронау
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/12/15572698_0:0:606:341_1920x0_80_0_0_514e7ef9b032950db35f349afc051df6.png
Хуссар Ирыстоны министрты кабинет схъӕлӕс кодта, цӕмӕй уӕлбарон кредиттӕ радтыны фӕдыл законмӕ хаст ӕрцӕуой ивындзинӕдтӕ. Ног ивындзинӕдтӕ дӕттынц фадат, цӕмӕй амалиуӕггӕнӕг кредит райса 5 азы ӕмгъуыдмӕ, ӕмӕ уый, экономист Дзабиты Вячеславы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕвӕрццагӕй бандавдзӕн бизнесыл."Ныр ис стырдӕр гаранти, амалиуӕггӕнджытӕ кӕй бафиддзысты сӕ кредиттӕ", - банысан кодта Вячеслав.Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хъӕппӕрисӕй Цхинвалы бакондӕуыд психологон ӕххуысы службӕ. Психологон ӕххуыс кӕндзысты специалисттӕ куыд хистӕр кары адӕмӕн, афтӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Психолог Къусраты Инга куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ адӕймаг зын уавӕры куы бахауы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы психологон ӕххуыс."Арӕх мӕ бафӕрсынц, цы професиты фӕхъӕуы тынгдӕр психологон ӕххуыс, фӕлӕ уый зын зӕгъӕн у. Алкӕцы дӕсниады дӕр вӕййы профессионалон фӕлад, ӕмӕ уӕд хъӕуы ӕххуыс", - загъта психолог.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/12/15572698_0:0:496:372_1920x0_80_0_0_adad4fba5c066345b32165481ecdeddd.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , хуссар ирыстоны, видео
радио иронау , хуссар ирыстоны, видео
Законмӕ ивындзинӕдты бахаст амалиуӕггӕнджытыл бандавдзӕн ӕвӕрццагӕй
Хуссар Ирыстоны министрты кабинет схъӕлӕс кодта, цӕмӕй уӕлбарон кредиттӕ радтыны фӕдыл законмӕ хаст ӕрцӕуой ивындзинӕдтӕ. Ног ивындзинӕдтӕ дӕттынц фадат, цӕмӕй амалиуӕггӕнӕг кредит райса 5 азы ӕмгъуыдмӕ, ӕмӕ уый, экономист Дзабиты Вячеславы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕвӕрццагӕй бандавдзӕн бизнесыл.
"Ныр ис стырдӕр гаранти, амалиуӕггӕнджытӕ кӕй бафиддзысты сӕ кредиттӕ", - банысан кодта Вячеслав.
Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хъӕппӕрисӕй Цхинвалы бакондӕуыд психологон ӕххуысы службӕ. Психологон ӕххуыс кӕндзысты специалисттӕ куыд хистӕр кары адӕмӕн, афтӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Психолог Къусраты Инга куы радзырдта, уымӕ гӕсгӕ адӕймаг зын уавӕры куы бахауы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы психологон ӕххуыс.
"Арӕх мӕ бафӕрсынц, цы професиты фӕхъӕуы тынгдӕр психологон ӕххуыс, фӕлӕ уый зын зӕгъӕн у. Алкӕцы дӕсниады дӕр вӕййы профессионалон фӕлад, ӕмӕ уӕд хъӕуы ӕххуыс", - загъта психолог.