Хуссар Иры Къуыдаргомы самайдзысты бирӕфатерон хӕдзар

© Sputnik / Natalia Airiyan Къуайса
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы нывӕндынц самайын бирӕуӕладзыгон 18 фатерон хӕдзар 2023 азы, фехъусын кодта Sputnik горӕт Къуайсайы администрацийы сӕрдар Бӕззаты Геннадий.
"Президент Бибылты Анатолий Къуайсайы цӕрӕнуатон проблематӕ хынцгӕйӕ ныфс радта Дзауы цы 18 фатерон хӕдзар самадтой, уый ӕнгӕс корпус Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты самайын 2023 азы", - загъта уый.
Горӕт Къуайсайы цӕрӕнуатон фонд зынгӕ бахъыгдард ис зӕххӕнкъуыстыты рӕстӕджы.
"Горӕты ис бирӕ ӕдзӕллаг ӕмӕ аварион хӕдзӕрттӕ, иутӕ амад ӕрцыдысты Къуыдаргомы ӕрзӕткъахӕнтӕ куы скуыстой, уӕды дуджы. Сӕ цалцӕджы аккаг нал сты", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0