https://sputnik-ossetia.com/20220222/kotsty-marina-koronavirusy-ptsr-diagnostik-m-nizy-nykhm-tokhy-ivyndzindty-tykhkhy-15612134.html
Коцты Марина коронавирусы ПЦР-диагностикæ æмæ низы ныхмæ тохы ивындзинæдты тыххæй
Коцты Марина коронавирусы ПЦР-диагностикæ æмæ низы ныхмæ тохы ивындзинæдты тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны коронавирусы фыццаг фæзындæй фæстæмæ ацы низы профилактикæ æмæ хос кæныны æгъдæуттæ ивынц эпидемиологон ситуацимæ гæсгæ. ПЦР-диагностикæйы... 22.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-22T12:57+0300
2022-02-22T12:57+0300
2022-02-22T12:57+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/16/15612096_0:0:3000:1688_1920x0_80_0_0_248359b70f2a81fc56a7d7532de83f55.jpg
Коцты Марина: коронавирусæн ПЦР-диагностикæйы пробæты равзарыны рад фæивта
Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Марина: коронавирусæн ПЦР-диагностикæйы пробæты равзарыны рад фæивта
Хуссар Ирыстоны коронавирусы фыццаг фæзындæй фæстæмæ ацы низы профилактикæ æмæ хос кæныны æгъдæуттæ ивынц эпидемиологон ситуацимæ гæсгæ. ПЦР-диагностикæйы пробæты равзарыны рад куыд фæивта, уый тыххæй радзырдта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина. Сæйраг санитарон дохтыры хъуыдымæ гæсгæ, кæд æмæ коронавирусæй рынчын пациенты рафыстой авд бонæй раздæр, уæд ын æнæмæнгæй хъæуы саразын иу лабораторон иртæст. Уыцы иртæсты фæстиуæг хъуамæ уа æппæрццаг. "Раздæр-иу группæйы, кæнæ къласы коронавирус куы рабæрæг, уæд сæ æхгæдтой карантиныл дыууæ къуыримæ. Ныр, цæмæй скъола æмæ скъолаагъоммæйон уагдæттæ æхгæд æрцæуой карантиныл, уый тыххæй рынчынты нымæц хъуамæ суа дыууын процентæй фылдæр", - радзырдта эксперт. Карантинмæ ʼрвыст чи æрцæуы, кæнæ зæрдæхсайгæ чи у, стæй ма коронавирусæй рынчынтимæ контакты чи уыд, уыдонæн сæ изоляцийы рæстæг фæцыбырдæр - кæд æмæ раздæр уыд дыууæ къуыри, уæд ныр та авд боны. Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/16/15612096_216:0:2883:2000_1920x0_80_0_0_648941115cdfc4e861a079ecd75ecfc7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
Коцты Марина коронавирусы ПЦР-диагностикæ æмæ низы ныхмæ тохы ивындзинæдты тыххæй
Хуссар Ирыстоны коронавирусы фыццаг фæзындæй фæстæмæ ацы низы профилактикæ æмæ хос кæныны æгъдæуттæ ивынц эпидемиологон ситуацимæ гæсгæ. ПЦР-диагностикæйы пробæты равзарыны рад куыд фæивта, уый тыххæй радзырдта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Коронавирусы ног инфекцийы профилактикæ"-мæ гæсгæ пациентты сдзæбæх кæныны фæстæ (стационарон æви амбулаторон æгъдауæй) куы рафыссæм, ома уагъд куы ʼрцæуынц куыстмæ (ахуырмæ), организацигонд коллективмæ, уæд сæ дыккагæй лабораторон иртæст нал хъæуы аразын", - банысан кодта Коцты Марина.
Сæйраг санитарон дохтыры хъуыдымæ гæсгæ, кæд æмæ коронавирусæй рынчын пациенты рафыстой авд бонæй раздæр, уæд ын æнæмæнгæй хъæуы саразын иу лабораторон иртæст. Уыцы иртæсты фæстиуæг хъуамæ уа æппæрццаг.
"Раздæр-иу группæйы, кæнæ къласы коронавирус куы рабæрæг, уæд сæ æхгæдтой карантиныл дыууæ къуыримæ. Ныр, цæмæй скъола æмæ скъолаагъоммæйон уагдæттæ æхгæд æрцæуой карантиныл, уый тыххæй рынчынты нымæц хъуамæ суа дыууын процентæй фылдæр", - радзырдта эксперт.
Карантинмæ ʼрвыст чи æрцæуы, кæнæ зæрдæхсайгæ чи у, стæй ма коронавирусæй рынчынтимæ контакты чи уыд, уыдонæн сæ изоляцийы рæстæг фæцыбырдæр - кæд æмæ раздæр уыд дыууæ къуыри, уæд ныр та авд боны.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.