Цхинвалы бакодтой удӕвдзыл цӕгъдыны курсытӕ

© Sputnik / Илья Наймушин /  Ахизын медиабанкмæСвирель
Свирель - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бакодтой удӕвдзыл цӕгъдын сахуыр кӕныны хайад, фехъусын кодта педагог, музыкӕзонӕг, автор-зарӕггӕнӕг Ӕлборты Лана.
Музыкалон инструментыл ахуыр цӕуы дыууӕ хицӕн къорды - сывӕллӕтты ӕмӕ хистӕр кары адӕмӕн. Ахуыргӕнӕг уырнын кӕны, цӕгъдын сахуыр кӕнынӕн ӕнӕмӕнг кӕй нӕу музыкалон ахуырад.
"Фыццаг ахуыр цӕудзӕн нотӕтӕ нӕ, фӕлӕ нымадмӕ гӕсгӕ, цӕмӕй йӕ ӕнцонӕй ахуыр кӕной. Стӕй нырма классикон флейта нӕ ахуыр кӕндзыстӕм, фӕлӕ хуымӕтӕг удӕвдзыл. Пайда кӕндзыстӕм Эдельвена Смеловайы методмӕ гӕсгӕ", - загъта Ӕлборты Лана.
Ахуыртӕ цӕудзысты къуыри ӕртӕ хатты - дыццӕг, цыппӕрӕм ӕмӕ майрӕмбоны Цхинвалы Культурӕйы хӕдзары.
"Ахуыр кӕндзыстӕм канд фӕсарӕйнаг музыкӕ нӕ, фӕлӕ ирон мелодитӕ. Сӕ нымӕцы адӕмон ӕмӕ классикон уацмыстӕ - зӕгъӕм, композитортӕ Ӕлборты Феликс ӕмӕ Галаты Борисы уацмыстӕ", - бафтыдта ахуыргӕнӕг.
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2020
Гаглойты Алан: фæлварын цæгъдын дала фæндырыл
Ӕлборты Ланӕйӕн ис стыр фӕндтӕ, фыццаг уал йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕцайдагъ кӕндзӕн канадӕйаг инструментыл ӕмӕ стӕй та рахиздзысты профессионалон ирландиаг цӕгъдӕнгӕрзмӕ. Афтӕ ма хъусдард аздахдзысты ирон удӕвдз раздахынмӕ дӕр.
"Ӕлборты Феликс йӕ чиныджы дӕтты удӕвдзы бӕстон афыст, йӕ саразыны фадӕттӕ, ӕрмӕг ӕмӕ хуызы тыххӕй. Уый дӕр хъӕуы раздахын", - бахахх кодта уый.
Иу урокы аргъ лӕууы 250 сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0