Владимир Путин бафыста барамындтӕ ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин
Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бафыста барамынд Донецкы ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕты хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл.
Президент бахахх кодта, Донбассы уавӕр кӕй ссис критикон, ӕмӕ бахатыд Федералон ӕмбырдмӕ, цӕмӕй сратификаци кӕной ӕмбӕлон документтӕ.
Барамындтӕ бафыссыны фӕстӕ Владимир Путин ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) сӕргълӕууӕг Денис Пушилин бафыстой хӕларад, ӕмгуыстад ӕмӕ ӕххуысы фӕдыл бадзырд дыууӕ бӕстӕйы хсӕн. Уый фӕстӕ Владимир Путин ӕмӕ Луганскы Адӕмон Республикӕйы сӕргълӕууӕг Леонид Пасечник бафыстой хӕларад, ӕмгуыстад ӕмӕ ӕххуысы фӕдыл бадзырд дыууӕ бӕстӕйы хсӕн.
Къуырисӕры Владимир Путин ауагъта Ӕдасдзинады советы ӕнӕрадон рабадт, йӕ уӕнгтӕ ӕрдзырдтой ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад банымайыны фарстытыл.
Хуссар Ирыстон у фыццаг бӕстӕ, кӕцы банымадта Донбассы республикӕты хӕдбардзинад, уый ӕрцыд 2014 азы. 2017 азы майы РХИ ӕмӕ ДАР бафыстой хӕларад ӕмӕ ӕххуысы фӕдыл бадзырд. 2018 азы Цхинвал бафыста аналогион бадзырд Луганскимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0