https://sputnik-ossetia.com/20220224/bibylty-anatoliy-rasidt-opershtaby-araztad-ama-rakodta-afsad-kazarmayon-uavarma-15641570.html
Бибылты Анатолий расидт оперштабы арӕзтад ӕмӕ ракодта ӕфсад казармӕйон уавӕрмӕ
Бибылты Анатолий расидт оперштабы арӕзтад ӕмӕ ракодта ӕфсад казармӕйон уавӕрмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий цыппӕрӕмы расидт Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы экстренон рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы бахӕс кодта... 24.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-24T12:20+0300
2022-02-24T12:20+0300
2022-02-24T12:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/18/15640422_0:237:3072:1965_1920x0_80_0_0_bd45860e686aa80b8520e548190e54bd.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий цыппӕрӕмы расидт Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы экстренон рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы бахӕс кодта сорганиаци кӕнын йӕ къухдариуӕгады бын оперштаб Донбас ӕмӕ Украинайы уавӕр хынцгӕйӕ. Оперштабмӕ бахиздзысты республикӕйы тыхон структурӕты разамонджытӕ, афтӕ ма хицауад ӕмӕ парламенты сӕргълӕуджытӕ, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.Бибылты Анатолий ма фехъусын кодта, кӕй бахӕс кодта Хъахъхъӕнынады министрадӕн расидын ӕфсӕддон фӕдис ӕмӕ ракӕнын дӕлхайӕдтӕ иууылдӕр казармӕйон уавӕрмӕ. Афтӕ ма министрадӕн бахӕс кодтой ӕмгуыстад кӕнын уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕимӕ.Фӕдис расидтысты Михъуыддӕгты министрады (МХМ) дӕр. МХМ кусджыты дӕр ракодтой казармӕйон уавӕрмӕ, цӕмӕй цӕттӕ уой ӕххӕст кӕнын республикӕйы къухдариуӕгады приказтӕ.Афтӕ ма Паддзахадон ӕдасдзинады комитетӕн (ПӔК) бахӕс кодтой смобилизаци кӕнын разысгарӕн архайд, мониторинг кӕнын Уӕрӕсейы Федералон ӕсдзинады службӕйы Арӕнгӕрон хайадимӕ иумӕ Гуырдзыстонимӕ арӕн. Уагдонӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй цӕттӕ уой Гуырдзыстоны провокацитӕм.Уымӕй дарддӕр Бибылты Анатолий бахӕс кодта Хуссар Ирыстоны ФХМ фӕхонын УФ минӕвары республикӕйы ӕмӕ фехъусын кӕнын уӕрӕсейаг фарсӕн, Хуссар Ирыстон цӕттӕ кӕй у ӕххӕст кӕнын РХИ ӕмӕ УФ хсӕн Бадзырды нормӕтӕ ӕмӕ рахӕссын уыдонмӕ гӕсгӕ скъуыддзаг.Ӕдасдзинады советы рӕстӕджы Бибылты Анатолий ӕрдзырдта республикӕйы адӕм ӕмӕ политикон архайджытӕм дӕр.Уый размӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин уӕрӕсейӕгтӕм бадзырды фехъусын кодта, кӕй аскъуыддзаг кодта райдайын сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Донбассы регионы уавӕр куы февзӕрдӕр, уый фӕстӕ.
https://sputnik-ossetia.com/20220224/khussar-iry-adasdzinady-sovet-ardzyrdta-donbas-ama-ukrainayy-uavaryl-15640035.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/18/15640422_199:0:2930:2048_1920x0_80_0_0_438ee07647410068c11a0fa58deeb629.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Бибылты Анатолий расидт оперштабы арӕзтад ӕмӕ ракодта ӕфсад казармӕйон уавӕрмӕ
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий цыппӕрӕмы расидт Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы экстренон рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы бахӕс кодта сорганиаци кӕнын йӕ къухдариуӕгады бын оперштаб Донбас ӕмӕ Украинайы уавӕр хынцгӕйӕ. Оперштабмӕ бахиздзысты республикӕйы тыхон структурӕты разамонджытӕ, афтӕ ма хицауад ӕмӕ парламенты сӕргълӕуджытӕ, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий ма фехъусын кодта, кӕй бахӕс кодта Хъахъхъӕнынады министрадӕн расидын ӕфсӕддон фӕдис ӕмӕ ракӕнын дӕлхайӕдтӕ иууылдӕр казармӕйон уавӕрмӕ. Афтӕ ма министрадӕн бахӕс кодтой ӕмгуыстад кӕнын уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕимӕ.
Фӕдис расидтысты Михъуыддӕгты министрады (МХМ) дӕр. МХМ кусджыты дӕр ракодтой казармӕйон уавӕрмӕ, цӕмӕй цӕттӕ уой ӕххӕст кӕнын республикӕйы къухдариуӕгады приказтӕ.
Афтӕ ма Паддзахадон ӕдасдзинады комитетӕн (ПӔК) бахӕс кодтой смобилизаци кӕнын разысгарӕн архайд, мониторинг кӕнын Уӕрӕсейы Федералон ӕсдзинады службӕйы Арӕнгӕрон хайадимӕ иумӕ Гуырдзыстонимӕ арӕн. Уагдонӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй цӕттӕ уой Гуырдзыстоны провокацитӕм.
Уымӕй дарддӕр Бибылты Анатолий бахӕс кодта Хуссар Ирыстоны ФХМ фӕхонын УФ минӕвары республикӕйы ӕмӕ фехъусын кӕнын уӕрӕсейаг фарсӕн, Хуссар Ирыстон цӕттӕ кӕй у ӕххӕст кӕнын РХИ ӕмӕ УФ хсӕн Бадзырды нормӕтӕ ӕмӕ рахӕссын уыдонмӕ гӕсгӕ скъуыддзаг.
Ӕдасдзинады советы рӕстӕджы Бибылты Анатолий ӕрдзырдта республикӕйы адӕм ӕмӕ политикон архайджытӕм дӕр.
"Уавӕр у ӕндыгъд. Фӕнды мӕ бадзурын политикон архайджытӕм ӕмӕ партитӕм, уымӕн ӕмӕ 2022 азы 10 апрелы ацӕудзысты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты ӕвзӕрстытӕ. Политикон къахдзӕфтӕ, кӕцытӕ мах аразӕм, хъуамӕ ма аразой ӕндыгъд уавӕр ӕмӕ цӕуой Законмӕ гӕсгӕ. Уӕззау уавӕрты мах алыхатт дӕр ӕрбаиу вӕййӕм ӕмӕ алцыдӕр аразӕм республикӕйы интерестӕ ӕмӕ адӕмы бахъахъхъӕнынӕн. Уый фӕдыл сидын алкӕмӕдӕр, цӕмӕй ӕндыгъд уавӕр ма ӕвзӕрын кӕной ӕхсӕнады", - бафтыдта Бибылты Анатолий.
Уый размӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин уӕрӕсейӕгтӕм бадзырды фехъусын кодта, кӕй аскъуыддзаг кодта райдайын сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Донбассы регионы уавӕр куы февзӕрдӕр, уый фӕстӕ.