https://sputnik-ossetia.com/20220224/khussar-iry-kuaysayy-dony-khakhkhyl-savardzysty-sygdagganan-iftongad-15642031.html
Хуссар Иры Къуайсайы доны хаххыл сӕвӕрдзысты сыгъдӕггӕнӕн ифтонгад
Хуссар Иры Къуайсайы доны хаххыл сӕвӕрдзысты сыгъдӕггӕнӕн ифтонгад
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы донифтонгады хахх "Везур-Къуайса"-йыл ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн донсыгъдӕггӕнӕн ифтонгад. Ацы... 24.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-24T13:26+0300
2022-02-24T13:26+0300
2022-02-24T13:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/09/12/11167161_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_f6d2474b67d206d4d36456685e716f2c.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы донифтонгады хахх "Везур-Къуайса"-йыл ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн донсыгъдӕггӕнӕн ифтонгад. Ацы нысанӕн хицӕн ӕрцӕудзӕн 20 милуан сомы, уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий цӕрджытимӕ фембылды рӕстӕджы.Горӕты мэр Бӕззаты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, доны хахх уалдзӕгӕй фӕстӕмӕ цӕуы змӕстӕй."Везур – Къуайса" реконструкци ӕрцыд ивгъуыд аз, фӕлӕ доны хаххыл не 'рцыд арӕзт сыгъдӕггӕнӕнтӕ."Ӕнӕмӕнг хъӕуы сӕвӕрын сыгъдӕггӕнӕн ифтонгад. Фӕлӕ йӕ бынат нырма скъуыддзаг нӕу. Советон дуджы ӕвӕрд ифтонгад хорз уыд йӕ рӕстӕгӕн, фӕлӕ уыдон ӕрмӕст нымад сты горӕт Къуайсайыл, фӕлӕ ма ацы доны хахх ифтонг кӕны ӕввахс хъӕуты дӕр ӕмӕ хуыздӕр уаид, иумӕйаг дзы куы сӕвӕриккам", - бафтыдта уый.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/09/12/11167161_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_623a944ecd0c6650d5d5d159038d7c47.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры Къуайсайы доны хаххыл сӕвӕрдзысты сыгъдӕггӕнӕн ифтонгад
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы донифтонгады хахх "Везур-Къуайса"-йыл ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн донсыгъдӕггӕнӕн ифтонгад. Ацы нысанӕн хицӕн ӕрцӕудзӕн 20 милуан сомы, уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий цӕрджытимӕ фембылды рӕстӕджы.
Горӕты мэр Бӕззаты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, доны хахх уалдзӕгӕй фӕстӕмӕ цӕуы змӕстӕй.
"Фӕстӕдӕр мит тайын куы райдайа, уӕд дон сызмӕнты, уый фӕстӕ дӕр алы къӕвда дӕр ӕрхӕссы донӕзмӕст. Суанг фӕззӕджы онг горӕт фылдӕр рӕстӕг исы змӕст дон", - загъта горӕты мэр Бӕззаты Геннадий.
"Везур – Къуайса" реконструкци ӕрцыд ивгъуыд аз, фӕлӕ доны хаххыл не 'рцыд арӕзт сыгъдӕггӕнӕнтӕ.
"Ӕнӕмӕнг хъӕуы сӕвӕрын сыгъдӕггӕнӕн ифтонгад. Фӕлӕ йӕ бынат нырма скъуыддзаг нӕу. Советон дуджы ӕвӕрд ифтонгад хорз уыд йӕ рӕстӕгӕн, фӕлӕ уыдон ӕрмӕст нымад сты горӕт Къуайсайыл, фӕлӕ ма ацы доны хахх ифтонг кӕны ӕввахс хъӕуты дӕр ӕмӕ хуыздӕр уаид, иумӕйаг дзы куы сӕвӕриккам", - бафтыдта уый.