https://sputnik-ossetia.com/20220224/khussar-iry-rayonty-bakandzysty-sberbanky-ofista-15642859.html
Хуссар Иры районты бакӕндзысты Сбербанкы офистӕ
Хуссар Иры районты бакӕндзысты Сбербанкы офистӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгатфарс ӕмӕ кӕцыдӕр районон центрты бакӕндзысты Сберанкы филиалтӕ, фехъусын кодта Sputnik... 24.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-24T14:09+0300
2022-02-24T14:09+0300
2022-02-24T14:09+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1081/93/10819380_0:0:1498:842_1920x0_80_0_0_1180d7c5717ef2b2ad82c4dbf947d1eb.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгатфарс ӕмӕ кӕцыдӕр районон центрты бакӕндзысты Сберанкы филиалтӕ, фехъусын кодта Sputnik финансон уагдоны хистӕр Дзуццаты Дмитрий.Ӕмткӕй Цхинвалы ныр ис банчы ӕртӕ хайады, сӕйраг офис ӕмӕ дыууӕ уӕлӕмхас филиалы - базарадон центр "Солнечный"-йы ӕмӕ Дзулфыцӕн комбинаты цур."Столицӕйы цӕгаттаг фарс фӕнд кӕнӕм бакӕнын уӕлӕмхас офис, цӕмӕй сӕ центрмӕ цӕуын ма хъӕуа. Чысыл вазыгджындӕр у республикӕйы районты бакӕнын офистӕ, фӕлӕ уым дӕр архайдзыстӕм алыг кӕнын фарст. Районты центрты Национ банкӕн цы хайадтӕ ис , уым арендӕйы райсӕн ис хатӕнтӕ. Нырма Дзау, Знауыр ӕмӕ Ленингоры районы адӕмы хъӕуы цӕуын Цхинвалмӕ банкон операцитӕм", - загъта Дзуццаты Дмитрий.Уый ма бафтыдта, банчы сӕйраг офисы цы лӕггӕдтӕ ис, уыдонӕй спайда кӕнӕн кӕй ис уӕлӕмхас офисты дӕр - сӕ нымӕцы пенситӕ райсын, фиддонтӕ бафидын ӕмӕ ӕндӕр операцитӕ.
https://sputnik-ossetia.com/20220217/tskhinvaly-bakodtoy-sberbank-khussar-iry-nog-ofis-15565138.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1081/93/10819380_145:0:1317:879_1920x0_80_0_0_04f6d0e0d1ce2ff4774178ba93e95f71.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры районты бакӕндзысты Сбербанкы офистӕ
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгатфарс ӕмӕ кӕцыдӕр районон центрты бакӕндзысты Сберанкы филиалтӕ, фехъусын кодта Sputnik финансон уагдоны хистӕр Дзуццаты Дмитрий.
Ӕмткӕй Цхинвалы ныр ис банчы ӕртӕ хайады, сӕйраг офис ӕмӕ дыууӕ уӕлӕмхас филиалы - базарадон центр "Солнечный"-йы ӕмӕ Дзулфыцӕн комбинаты цур.
"Столицӕйы цӕгаттаг фарс фӕнд кӕнӕм бакӕнын уӕлӕмхас офис, цӕмӕй сӕ центрмӕ цӕуын ма хъӕуа. Чысыл вазыгджындӕр у республикӕйы районты бакӕнын офистӕ, фӕлӕ уым дӕр архайдзыстӕм алыг кӕнын фарст. Районты центрты Национ банкӕн цы хайадтӕ ис , уым арендӕйы райсӕн ис хатӕнтӕ. Нырма Дзау, Знауыр ӕмӕ Ленингоры районы адӕмы хъӕуы цӕуын Цхинвалмӕ банкон операцитӕм", - загъта Дзуццаты Дмитрий.
Уый ма бафтыдта, банчы сӕйраг офисы цы лӕггӕдтӕ ис, уыдонӕй спайда кӕнӕн кӕй ис уӕлӕмхас офисты дӕр - сӕ нымӕцы пенситӕ райсын, фиддонтӕ бафидын ӕмӕ ӕндӕр операцитӕ.