Хуссар Иры санитарон уагдоны загътой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæCovid-19
Covid-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус бахӕцыд 29 адӕймагыл, фехъусын кодтой цыппӕрӕмы Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 127 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 29 иртӕсты. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 58 пациенты, медикты хъусдарды бын ма сты 319 рынчыны", - загъта уый.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 13 563. Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 66 732 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 13 882 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0