https://sputnik-ossetia.com/20220224/uaraseyy-prezident-vladimir-putin-rasidt-sarmagond-afsaddon-operatsi-donbassy-15639297.html
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин расидт сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Донбассы
Уӕрӕсейы президент Владимир Путин расидт сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Донбассы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин уӕрӕсейӕгтӕм бадзырды рӕстӕджы фехъусын кодта, кӕй аскъуыддзаг кодта райдайын сӕрмагонд ӕфсӕддон... 24.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-24T10:01+0300
2022-02-24T10:01+0300
2022-02-24T10:01+0300
уӕрӕсейы
ног хабӕрттӕ
дунейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/18/15638486_44:0:1248:677_1920x0_80_0_0_0e974b448b3089204f56e712449ac5bd.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин уӕрӕсейӕгтӕм бадзырды рӕстӕджы фехъусын кодта, кӕй аскъуыддзаг кодта райдайын сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Донбассы."Уавӕртӕ домынц махӕй ныфсхаст къахдзӕфтӕ. Донбассы адӕмон республикӕтӕ бадзырдтой Уӕрӕсемӕ ӕххуысмӕ. Уый фӕдыл, Иугонд нациты организацийы Уставы 7 хайы 51-ӕм статьямӕ гӕсгӕ гӕсгӕ, Федерацийы советы санкцийы ӕмӕ Донбассы республикӕтимӕ бадзырдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, ӕз аскъуыддзаг кодтон ауадзын сӕрмагонд ӕфсӕддон операци", - загъта Владимир Путин.Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Уӕрӕсе кӕй нӕ нывӕнды Украинайы оккупаци, фӕлӕ Мӕскуы тырны йӕ демилитаризацимӕ.Президент фидарӕй загъта, уӕрӕсейаг солдаттӕ ӕмӕ офицертӕ цӕсгомджынӕй кӕй сӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрд, хицауад та эффективон куыст бакӕндзӕн."Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ, ныфс мӕ ис, Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты солдаттӕ ӕмӕ офицертӕ профессионалон ӕххӕст скӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Уырны мӕ, эффективон куыст кӕй бакӕндзӕн бӕстӕйы къухдариуӕгады алы ӕмвӕзад дӕр", - бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.Президент ӕрсидт украинаг ӕфсддонтӕм, цӕмӕй ӕрывӕрой сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ ацӕуой сӕ хӕдзӕрттӕм. Уыимӕ иумӕ Владимир Путин бахахх кодта, Украинайы ӕфсады ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ сӕххӕст кӕндзысты ацы домӕн, уыдзӕн фадат сӕрибарӕй ацӕуын хӕстон архӕйдтыты зонӕйӕ ӕмӕ ӕрыздӕхын сӕ бинонтӕм.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/18/15638486_194:0:1097:677_1920x0_80_0_0_af7af83d1bc7a0fe97b29339edd02442.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, дунейы, видео
уӕрӕсейы, ног хабӕрттӕ, дунейы, видео
ЦХИНВАЛ, 24 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин уӕрӕсейӕгтӕм бадзырды рӕстӕджы фехъусын кодта, кӕй аскъуыддзаг кодта райдайын сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Донбассы.
"Уавӕртӕ домынц махӕй ныфсхаст къахдзӕфтӕ. Донбассы адӕмон республикӕтӕ бадзырдтой Уӕрӕсемӕ ӕххуысмӕ. Уый фӕдыл, Иугонд нациты организацийы Уставы 7 хайы 51-ӕм статьямӕ гӕсгӕ гӕсгӕ, Федерацийы советы санкцийы ӕмӕ Донбассы республикӕтимӕ бадзырдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ, ӕз аскъуыддзаг кодтон ауадзын сӕрмагонд ӕфсӕддон операци", - загъта Владимир Путин.
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Уӕрӕсе кӕй нӕ нывӕнды Украинайы оккупаци, фӕлӕ Мӕскуы тырны йӕ демилитаризацимӕ.
"Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы нысан у бахъахъхъӕнын адӕмы, кӕцыты ныхмӕ Украина аст азы ӕххӕст кӕны геноцид. Уый фӕдыл мах тырнӕм Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацимӕ, афтӕ ма ӕрбаздахын тӕрхонмӕ гоймӕгты, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой фыдракӕндтӕ сабыр цӕрджыты ныхмӕ", - фехъусын кодта Путин.
Президент фидарӕй загъта, уӕрӕсейаг солдаттӕ ӕмӕ офицертӕ цӕсгомджынӕй кӕй сӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрд, хицауад та эффективон куыст бакӕндзӕн.
"Зынаргъ ӕмбӕстӕгтӕ, ныфс мӕ ис, Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты солдаттӕ ӕмӕ офицертӕ профессионалон ӕххӕст скӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Уырны мӕ, эффективон куыст кӕй бакӕндзӕн бӕстӕйы къухдариуӕгады алы ӕмвӕзад дӕр", - бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Президент ӕрсидт украинаг ӕфсддонтӕм, цӕмӕй ӕрывӕрой сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ ацӕуой сӕ хӕдзӕрттӕм. Уыимӕ иумӕ Владимир Путин бахахх кодта, Украинайы ӕфсады ӕфсӕддонтӕн, кӕцытӕ сӕххӕст кӕндзысты ацы домӕн, уыдзӕн фадат сӕрибарӕй ацӕуын хӕстон архӕйдтыты зонӕйӕ ӕмӕ ӕрыздӕхын сӕ бинонтӕм.