Хуссар Ирыстоны зонады 100-азон истори: Гаглойты Роберты цыбыр экскурс

Рафыссын
1.10 Ног хабӕрттӕ
5.40 Донбассы республикӕты хӕдбардзинады банымад цы ӕрхӕсдзӕн цӕрджытӕн: парламенты депутаты цӕстӕнгас.
Дриаты Зазайы ныфс ис, Уӕрӕсейы уынаффӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн сабырад Донбассы зӕххмӕ. Уый ӕрхаста цӕвиттонӕн Хуссар Ирыстоны 2008 азы цаутӕ ӕмӕ банысан кодта, хӕдбардзинад банымайыны хъуыддаг сабырад кӕй ӕрхаста республикӕмӕ.
Комментари: Дриаты Заза - РХИ парламенты ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг.
14.50 Хуссар Ирыстоны зонады 100-азон истори: Гаглойты Роберты цыбыр экскурс.
Ацы аз Хуссар Ирыстоны Зонад-Иртасӕн институт банысан кодта 100-азон юбилей. Йӕ сӕргълӕууӕг Гаглойты Роберт куы радзырда, уымӕ гӕсгӕ 1922 азы Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы минӕвӕрттӕ зонадон къабаз райрӕзын кӕнынӕн сарӕзтой зонад-литературон ӕхсӕнад.
"Цалдӕр адӕймагӕй уыдысты, се ‘хсӕн Тыбылты Алыксандр ӕмӕ Гаглойты Рутен дӕр. Ӕмткӕй уыдысты 5-6 адӕймаджы ӕмӕ бакодтой ацы литературон ӕхсӕнад", - радзырдта Гаглойты Роберт.
Комментари: Гаглойты Роберт - ЗИИ сӕргълӕууӕг.
Ног хабӕртты лентӕ
0