Цхинвалы райдыдта турнир уӕлыстол теннисӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕлыстол теннис
Уӕлыстол теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуы уӕлыстол теннисӕй турнир "Ӕвзонг курдиӕттӕ", фехъусын кодта Sputnik Уӕлдӕр спортивон дӕсниады сколайы тренер Джиоты Мириан.
Турнир сорганизаци кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлыстол теннисы федераци ӕмӕ Уӕрӕсейы Уӕлыстол теннисы федераци, кӕцы респуьликӕйы ӕрбангом кодта программӕ "Будущее России"-мӕ.
"Ацы программӕ прхпйы бирӕ регионты. Уый фӕлгӕтты нӕ турниртӕн рахицӕн кӕнынц фӕзуӕттӕ, цы ран уагъд цӕудзысты ерыстӕ. Ныртӕккӕ турниры хайад исынц 25 цхинвайлаг теннисисты 13 азы онг кары", - банысан кодта тренер.
Джиоты Мириан бафтыдта, зӕгъгӕ, майы уагъд цӕудзысты ӕхсӕнрегионалон ерыстӕ. цы ран хайад исдзысты спортсментӕ Цӕгат Кавказӕй - Дагъыстан, Кӕсӕг-Балхъар, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0