Цыхуырбаты Татьяна радзырдта, куыд нысан кæндзысты Хуссар Иры Сывæллоны æппæтдунейон бон

Цыхуырбаты Татьяна: куыд нысан кæнæм Æппæтдунейон сывæллоны бон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны киноконцертон зал "Чермен"-ы байгом сывæллæтты нывты равдыст. Мадзал арæзт æрцыд Сывæллоны æппæтдунейон боны цытæн программæ "Сывæллон æмæ йæ бартæ"-мæ гæсгæ.
Республикæйы сывæллоны бартыл æвджиддар Цыхуырбаты Татьянæ радзырдта радио Sputnik-æн, ахæм конкурс уагъд кæй цæудзæн ныр æрвылаз дæр.
"Нæ хъуыдымæ афтæ уыдис, зæгъгæ, хайадисджыты нымæц æртынæй фылдæр нæ уыдзæн, уымæн æмæ конкурс ног у. Фæлæ сывæллæттæ тынг активонæй сæхи равдыстой. Æдæппæтæй æртымбыл кодтам дыууæ сæдæйы бæрц нывы", - радзырдта Цыхуырбаты Татьянæ.
Конкурсы хайад чи райста, уыдонæй æппæты кæстæртæ нырма скъолайы агъоммæ уагдæттæм цæуынц, ома сæ куыстытæ æрбадæттой æртæ азæй æстдæс азмæ кары сывæллæттæ.
"Кæцыдæр нывтæ мах равзæрстам æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзæхтæ дæр сын самал кæндзыстæм номинацитæм гæсгæ. Æппæты хуыздæртæн – лæвæрттæ, иннæтæн та грамотæтæ æмæ бузныджы фыстæджытæ", - банысан кодта сывæллæтты омбудсмен.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны, 106.3 FM.
Ног хабӕртты лентӕ
0