Бететы Юрий: Хуссар æмæ Цæгат Ирæй сæдæ адæймаджы бархийæ ацыдысты хæстмæ

Бететы Юрий: Хуссар æмæ Цæгат Ирæй сæдæ адæймаджы сæхи фæндонæй ацыдысты хæстмæ
Рафыссын
УФ президент Владимир Путин уӕрӕсейӕгтӕм бадзырды рӕстӕджы фехъусын кодта, кӕй аскъуыддзаг кодта райдайын сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Донбассы. Уыцы мадзал йæ æххæст кæныны рæстæджы скарз ис. Цæмæй райдыдта конфликт, йæ райрæзты истори, нырыккон уавæр æмæ перспективæты тыххæй радио Sputnik радзырдта æхсæнадон архайæг Бететы Юрий.
"Советон дуне куы ныппырх ис, уæд Америкæ райдыдта Украинæйы хъомыл кæнын афтæ, цæмæй Уæрæсейы ныхмæ суа", - бахахх кодта æхсæнадон архайæг.
Бететы Юрийы хъуыдымæ гæсгæ, украинæйæгтæ зонынц хæцын, сæхи цæттæ кодтой авд азæй фылдæр. Фæлæ Уæрæсе уæддæр тыхджындæр у æмæ рамбулдзæн хæст.
Афтæ ма, бафтыдта уый, сæдæ адæймаджы Хуссар æмæ Цæгат Ирæй бархионтæй ацыдысты Донбасс хъахъхъæнынмæ.
Æхсæнадон кусæг ма банысан кодта, Уæрæсейæн тынг зын кæй уыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын, уый тыххæй æмæ йæ фæстиуджытæ бæрæг зынгонд нæ уыдысты. Донбассы ситуаци та у æндæр, уымæ гæсгæ размæ цæуынц.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры 106.3 FM
Ног хабӕртты лентӕ
0