Донецкӕй лигъдӕттӕн фадат уыдзӕн ӕнӕаргъӕй пайда кӕнын таксийы службӕйы лӕггӕдтӕй Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянТакси.
Такси.  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны таксийы службӕтӕй иу организаци кӕндзӕн экскурситӕ ӕмӕ ӕнӕаргъӕй ласдзӕн лигъдӕтты Донецкӕй.
Хуссар Ирыстонмӕ ивгъуыд улӕфт бонты ӕрцыд Донецкы Адӕмон Республикӕйы 42 ӕмбӕстаджы.
"Адӕм ӕрцыдысты хӕстӕй, ӕмӕ йӕ мах дӕр зонӕм, куыд вӕййы бахауын ахӕм уӕззау уавӕрты. Уыдон ныууагътой сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ хиуӕттӕ баззадысты хӕсты, уый фӕдыл сын мах аскъуыддзаг кодтам баххуыс кӕнын нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй", - радзырдта Sputnik диспетчер Гӕджиты Мельс.
Диспетчер бахахх кодта, таксийы службӕйы коллектив иууылдӕр сразы сты ӕнӕаргъ акци ауадзыныл.
"Махмӕ дзырдтой, фӕлӕ нырма информаци базоныны нысанӕн. Знон мах арвыстам цалдӕр хӕдтулгӕйы уазӕгдонмӕ, цы ран сты лигъдӕттӕ, фӕлӕ уыдон нырма не сразы сты балцытыл, фӕнды сӕ фистӕгӕй ацӕуын горӕты", - бафтыдта Гӕджиты Мельс.
Диспетчеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Донецкӕй лигъдӕттӕн экскурситӕ соганизаци кӕндзысты куыд горӕты, афтӕ районты дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0