Гуырдзыстоны рӕзы неонацистон зӕрды ахаст – Хуссар Иры ПӔК

© Sputnik / Давид Хизанишвили /  Ахизын медиабанкмæГуырдзыстон
Гуырдзыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев - Sputnik. Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) бӕрӕг кӕны Гуырдзыстоны националистон ӕмӕ неонацистон зӕрды ахасты рӕзт Украинайы ӕфсӕддон-политикон уавӕр хынцгӕйӕ, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны ПӔК-ы.
"Украинайы хицауад интернациаоналон легионы арӕзтады тыххӕй куы фехъусын кодта, кӕцымӕ фадат ис бахизын фӕсарӕйнӕгтӕн, уый фӕстӕ Саакашвилийы радикалон фарслӕуджытӕй дыууӕ мин адӕймаджы фехъусын кодтой, кӕй сӕ фӕнды ӕрбаиу кӕнын "Украинайы оккупацийы ныхмӕ тохмӕ", - дзырдӕуы ПӔК хъусинаджы.
Уагдоны бахахх кодтой, зӕгъгӕ, Гуырдзыстоны режимы нӕ фӕнды банымайын йӕ бӕрндзинад 1920-2008 азты фыдракӕндты фӕдыл, фӕлӕ уыдон балӕууыдысты украинаг неонацистты фарсмӕ ӕмӕ нӕ ферох кодтой сӕ реваншистон нысӕнттӕ.
Уагдоны зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, Гуырдзыстоны Хъахъхъӕнынады министрады арӕнгӕрон объекттӕ, афтӕ ма паддзахадон арӕны халджыты ӕрбахизыны бынӕттӕ сты Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон тыхты хъусдарды бын.
Ног хабӕртты лентӕ
0