Хуссар Иры рабӕрӕг сты хуыздӕр теннисисттӕ кӕстӕр фӕлтӕрты хсӕн

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæуӕлыстол теннисы
уӕлыстол теннисы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахицӕн сты 13 азы кары онг сывӕллӕты хсӕн уӕлыстол теннисы ерыстӕ "Юные таланты Цхинвала", фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы Федерацийы хистӕр Джиоты Мириан.
Ерыстӕ цыдысты дыууӕ боны дӕргъы чызджытӕ ӕмӕ лӕппуты хсӕн.
Тыхджындӕртӕ рабӕрӕг сты дыууӕ категорийы, стӕй ма сӕрмагонд призтӕй дӕр рахицӕн кодтой къорд спортсмены.
"Чызджыты хсӕн уӕлахиздзау ссис Къуылыхты Зӕринӕ, дыккаг призер ссис Касрадзе Майя, ӕртыккаг - Хъуылымбегты Виктория. Лӕппутӕй иууыл тыхджындӕр разынд Хаситы Богдан, ӕвзист призер уыд Сабанты Алан, призерты нымӕцы уыд Кулишов Роланд", - загъта тренер.
Турниры тох кодтой спортивон скъолайы спортсментӕ, хицӕн тренерты хъомылгӕнӕнтӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, майы та фӕнд кӕнынц ауадзын ӕхсӕнадӕмон турнир.
"Уӕд ӕрхондзыстӕм Цӕгат Кавказы спортсменты ӕмӕ уӕрӕхдӕр хуызы ацӕудзысты ерыстӕ",- бахахх кодта Джиоты Мириан.
Ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы федераци райста спортивон ифтонгад Уӕрӕсейы уӕлыстол теннисы федерацийӕ. Ныр республикӕйы фӕуӕрӕхдӕр сты ерыстӕ уадзыны фадӕттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0