Цхинвайлаг спортсментӕ рамбылдтой ӕппӕтстилон каратейы ерысты Дзӕуджыхъӕуы

© Из архива тренера Владимира СозаеваХуссарирыстойнаг каратисттӕ
Хуссарирыстойнаг каратисттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Иры ӕппӕтстилон каратэйы ерысты расгуыхтысты ӕхсӕз спортсмены Цхинвалӕй, фехъусын кодта Sputnik фӕсивӕды тренер Уалыты Вахтанг.
Ерыстӕ цыдысты 26-27 февралы. Хайад сӕ райстой 8 азӕй 18+ кары онг спортсментӕ.

"Авд спортсмены акодтон ӕмӕ ӕхсӕзӕй ссисты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ. Фыццаг бынӕттыл сты Куымӕридтаты Георгий ӕмӕ Хъуылымбегты Аланӕ, ӕвзист призертӕ - Дзабиты Марат ӕмӕ Лалыты Елизавета, ноджы ма дыууӕйӕ та сты ӕртыккаг призертӕ - Тыджыты Виктория ӕмӕ Бӕззаты Сӕрмӕт", - загъта тренер.

Хуссар Ирыстоны спортивон кад ерысты хъахъхъӕдтой Уалыты Георгий ӕмӕ Уалыты Вахтангы хъомылгӕнинӕгтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0