https://sputnik-ossetia.com/20220228/sanktsit-urseyy-ekonomikyy-sombonn-uydzysty-payda---ekspert--15704480.html
Санкцитæ Уæрæсейы экономикæйы сомбонæн уыдзысты пайда - эксперт
Санкцитæ Уæрæсейы экономикæйы сомбонæн уыдзысты пайда - эксперт
Sputnik Хуссар Ирыстон
Украинæ æмæ Донбассы цы хæст цæуы, стæй ма Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ бæстæйы экономикæйыл куыд бандавдзысты, уый тыххæй радио Sputnik лæмбынæг радзырдта... 28.02.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-02-28T17:17+0300
2022-02-28T17:17+0300
2022-02-28T17:17+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/1c/15704450_0:0:2048:1153_1920x0_80_0_0_6d7f5dfbaf358badb414156e155836e9.jpg
Санкцитæ Уæрæсейы экономикæйы сомбонæн уыдзысты пайда
Sputnik Хуссар Ирыстон
Санкцитæ Уæрæсейы экономикæйы сомбонæн уыдзысты пайда
Украинæ æмæ Донбассы цы хæст цæуы, стæй ма Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ бæстæйы экономикæйыл куыд бандавдзысты, уый тыххæй радио Sputnik лæмбынæг радзырдта экономист, зонадон кусæг Дзабиты Вячеслав.Европæйаг Цæдис разы нæу, Уæрæсейы президент Владимир Путин Донецк ӕмӕ Луганскы Адӕмон республикӕты хӕдбардзинад кæй банымадта æмæ снысан кодта карздӕр санкцитӕ. Экономисты хъуыдымæ гæсгæ, долларæн йæ аргъ уæлæмæ хиздзæн, фæлæ Уæрæсе ныфс бавæрдта, кæй йын ис инструментарий, цæмæй контроль кæна æргътæ. Дзабиты Вячеслав ма бахахх кодта, Европæйы банкты системæ кæй у баст Уæрæсейы банктимæ. Рахæсгæ санкцитæ фидæны зиан æрхæсдзысты фыццаджыдæр Европæйæг Цæдисы паддзахæдтæн. Эксперты ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсе зыдта, цы зындзинæдтæ бавзардзæн æмæ йæхи бацæттæ кодта. Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры 106.3 FM.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/1c/15704450_228:0:2048:1365_1920x0_80_0_0_88960c2d1124aa4cbb3d7d6b7beff4c6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , экономикӕ, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , экономикӕ, аудио
Украинæ æмæ Донбассы цы хæст цæуы, стæй ма Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ бæстæйы экономикæйыл куыд бандавдзысты, уый тыххæй радио Sputnik лæмбынæг радзырдта экономист, зонадон кусæг Дзабиты Вячеслав.
Европæйаг Цæдис разы нæу, Уæрæсейы президент Владимир Путин Донецк ӕмӕ Луганскы Адӕмон республикӕты хӕдбардзинад кæй банымадта æмæ снысан кодта карздӕр санкцитӕ.
Экономисты хъуыдымæ гæсгæ, долларæн йæ аргъ уæлæмæ хиздзæн, фæлæ Уæрæсе ныфс бавæрдта, кæй йын ис инструментарий, цæмæй контроль кæна æргътæ.
"Кæд æмæ Уæрæсейы ахицæн кæной æппæт дунейы банкты системæйæ, уæд æй бахъæудзæн цалдæр мæйы рæстæг, фылдæр хæрдзтæ, фæлæ скусдзæн йæхи банкты системæ æмæ уый уыдзæн йæ сомбонæн пайда", - банысан кодта экономист.
Дзабиты Вячеслав ма бахахх кодта, Европæйы банкты системæ кæй у баст Уæрæсейы банктимæ. Рахæсгæ санкцитæ фидæны зиан æрхæсдзысты фыццаджыдæр Европæйæг Цæдисы паддзахæдтæн.
Эксперты ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсе зыдта, цы зындзинæдтæ бавзардзæн æмæ йæхи бацæттæ кодта.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры 106.3 FM.