https://sputnik-ossetia.com/20220301/bibylty-anatoliy-tskhinvaly-mitingyl-duneyan-radzurdzysty-donbassy-tsauty-fadyl-rastdzinad-15714485.html
Бибылты Анатолий: Цхинвалы митингыл дунейӕн радзурдзысты Донбассы цауты фӕдыл рӕстдзинад
Бибылты Анатолий: Цхинвалы митингыл дунейӕн радзурдзысты Донбассы цауты фӕдыл рӕстдзинад
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Столицӕйы Театралон фӕзуатыл ӕртыццӕджы, 2 марты, ацӕудзӕн Донбассы цӕрджытӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийӕн... 01.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-01T13:18+0300
2022-03-01T13:18+0300
2022-03-01T13:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/01/15711488_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_65617bd7890aa9eb0ca8661864e2fdbb.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Столицӕйы Театралон фӕзуатыл ӕртыццӕджы, 2 марты, ацӕудзӕн Донбассы цӕрджытӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийӕн разыдзинад равдисыны митинг. Уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта Донецкӕй лигъдӕттимӕ фембӕлды рӕстӕджы, ӕмӕ сӕ фӕхуыдта митингы хайад райсын, цӕмӕй дунейӕн радзурой Донбассы цауты тыххӕй рӕстдзинад, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Хуссар Ирыстонмӕ ивгъуыд улӕфт бонты ӕрцыдысты Донецкы 42 ӕмбӕстаджы, уыдонӕй 24 сты 12 азы кары онг сывӕллӕттӕ. Лигъдӕтты бакодтой Цхинвалы уазӕгдӕттӕй иумӕ.Бибылты Анатолий балӕвар кодта Хуссар Ирыстоны иуыл кӕстӕрдӕр уазӕгӕн къаласкӕ, афтӕ ма радзырдта, Донецкӕй сывӕллӕттӕн кӕй сорганизаци кӕндзысты балц хӕхтӕм – Згъубиры хъӕумӕ.Президент банысан кодта, Донбассы адӕмӕн ӕххуысмӕ Ирыстонӕй кӕй ацыд бирӕ лӕппутӕ.Владимир Путин 21 февралы бафыста барамындтӕ Донецкы ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕты суверенитет банымайыны фӕдыл, 24 февралы та фехъусын кодта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци райдайыны тыххӕй Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл.Хъахъхъӕнынады министрады бахахх кодтой, кӕй нӕ ӕхсынц граждайнаг объекттӕ.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/01/15711488_171:0:2902:2048_1920x0_80_0_0_c5edf2217ebf70b54386ad91a3156c34.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы
Бибылты Анатолий: Цхинвалы митингыл дунейӕн радзурдзысты Донбассы цауты фӕдыл рӕстдзинад
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Столицӕйы Театралон фӕзуатыл ӕртыццӕджы, 2 марты, ацӕудзӕн Донбассы цӕрджытӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл Уӕрӕсейы сӕрмагонд операцийӕн разыдзинад равдисыны митинг. Уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта Донецкӕй лигъдӕттимӕ фембӕлды рӕстӕджы, ӕмӕ сӕ фӕхуыдта митингы хайад райсын, цӕмӕй дунейӕн радзурой Донбассы цауты тыххӕй рӕстдзинад, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстонмӕ ивгъуыд улӕфт бонты ӕрцыдысты Донецкы 42 ӕмбӕстаджы, уыдонӕй 24 сты 12 азы кары онг сывӕллӕттӕ. Лигъдӕтты бакодтой Цхинвалы уазӕгдӕттӕй иумӕ.
"Донецкы фыццаг хатт уыдтӕн референдумы рӕстӕджы, 2014 азы. Александр Захарченко дӕр уыд ме ‘мгар. Хъыгагӕн, уый нӕ фӕцард хӕдбардзинад банымайыны бонмӕ. Уый зӕрдиагӕй уарзта йӕ адӕмы. Деним Пушилин, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у патриот. Мах рацыдыстӕм уӕззау фӕндаг ӕмӕ иттӕг хорз ӕмбарӕм сымах. Ӕз бирӕ хатт дзырдтон, адӕм сӕхицӕн нысан куы сӕвӕрой, уӕд сӕ никӕцы сармадзантӕ ӕрлӕууын кӕндзысты", - загъта президент.
Бибылты Анатолий балӕвар кодта Хуссар Ирыстоны иуыл кӕстӕрдӕр уазӕгӕн къаласкӕ, афтӕ ма радзырдта, Донецкӕй сывӕллӕттӕн кӕй сорганизаци кӕндзысты балц хӕхтӕм – Згъубиры хъӕумӕ.
Президент банысан кодта, Донбассы адӕмӕн ӕххуысмӕ Ирыстонӕй кӕй ацыд бирӕ лӕппутӕ.
Владимир Путин 21 февралы бафыста барамындтӕ Донецкы ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕты суверенитет банымайыны фӕдыл, 24 февралы та фехъусын кодта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци райдайыны тыххӕй Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл.
Хъахъхъӕнынады министрады бахахх кодтой, кӕй нӕ ӕхсынц граждайнаг объекттӕ.