Уалдзæджы лæвар: Ирон литературæйы зæрингуырд - Хаджеты Таймураз

Уалдзæджы лæвар: Ирон литературæйы зæрингуырд - Хаджеты Таймураз
Рафыссын
1 марты райгуырд Ирыстоны поэзийы ирддæр минæвар Хаджеты Таймураз. Йæ ном хъуыстгонд у дунейыл. Фыста йæ сабибонтыл, æрдзы рæсугъддзинадыл æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уарзондзинадыл.
Таймуразы сфæлдыстады тыххæй радзырдта ХИПУ журналистикæйы факультеты лектор, фыссæджы идæдз Дамбегты Ирина.
"Алы поэт дæр ууыл фæхъуыды кæны, цæмæй йе 'сфæлдыстад ныууадза, чиныгкæсджытæн бамбарын кæна, цы у поэзи", - банысан кодта Дамбегты Ирина.
Уый ма бафиппайдта, Ирыстоны интеллектуалон уавæр размæ кæй цæуы, æмæ дæнцæгæн æрхаста, поэтæн арæхдæр мысæн изæртæ кæй саразынц, уыцы хъуыддаг.
"Хистæр кълæсты ирон литературæйы ахуыргæнæн чингуытæм Таймуразы æмдзæвгæтæй иу дæр нæ бахауд. Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы чиныг махæн у иумæйаг Цæгат Ирыстонимæ. Мæнмæ гæсгæ, Хадже фыццаджыдæр хъуамæ ахуыргæнæн чингуытæм бахауа", - банысан кодта Дамбегон.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоныл 106.3 FM.
Ног хабӕртты лентӕ
0