Бибылты Анатолий ӕруынаффӕ кодта цӕгатирыстойнаг делегациимӕ агросекторы райрӕзтыл

© Пресс-служба президента РЮОВстреча президента Анатолия Бибилова с делегацией Минсельхоза Северной Осетии
Встреча президента Анатолия Бибилова с делегацией Минсельхоза Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Цӕгат Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министр Уазиты Хъазбег ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Къусраты Аланимӕ. Бӕстӕйы сӕогълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ма фембӕлды хайад райста РХИ хъӕууон хӕдзарады министр Мӕргъиты Алан.
Боны фӕткы уыд ӕмгуыстады фарст хъӕууонхӕдзарадон къабазы райрӕзты хъуыддаджы 2022-2025 ӕзтӕн Хуссар Иры социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл паддзахадон программӕйы фӕлгӕтты.
© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий ӕруынаффӕ кодта цӕгатирыстойнаг делегациимӕ агросекторы райрӕзтыл
Встреча президента Анатолия Бибилова с делегацией Минсельхоза Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2022
Бибылты Анатолий ӕруынаффӕ кодта цӕгатирыстойнаг делегациимӕ агросекторы райрӕзтыл
Президент бузныг загъта уазджытӕн се 'рцыд ӕмӕ ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ ныфс бавӕрдта фӕстиуӕгджын ӕмгуыстадӕй.
"Республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл паддзахадон программӕ фӕахъаз уыдзӕн хъӕууон хӕдзарады серьезон райрӕзтӕн, уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстон у аграрон республикӕ", - банысан кодта уый.
Уыимӕ иумӕ президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, хъӕууон хӕдзарады министр Мӕргъиты Алан стыр аргъ кӕны цӕгатирыстойнаг, афтӕ ма уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ ӕгуыстадӕн. Уый радзырдта, ӕрмӕст ивгъуыд азы республикӕ кӕй райста ӕххуысӕн Уӕрӕсейӕ хъӕууонхӕдзарадон техникӕйы ӕхсӕз иуӕджы, кӕцытӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уыдысты бынӕттон аграрийтӕн.
© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий ӕруынаффӕ кодта цӕгатирыстойнаг делегациимӕ агросекторы райрӕзтыл
Встреча президента Анатолия Бибилова с делегацией Минсельхоза Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2022
Бибылты Анатолий ӕруынаффӕ кодта цӕгатирыстойнаг делегациимӕ агросекторы райрӕзтыл
Уазиты Хъазбег дӕр банысан кодта, дыууӕ профилон уагдоны ӕмгуыстады фӕлгӕтты куыст кӕй цӕудзӕн фӕстиуӕгджынӕй.
"Цыдӕр фӕндтӕ нӕм ис ӕмӕ мӕ ныфс дӕр ис, раелизацигонд кӕй ӕрцӕудзысты. Нӕ бон цы у, уымӕй уын баххуыс кӕндзыстӕм", - бахахх кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0