Коронавирусимӕ уавӕр Хуссар Иры: ӕртыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæ Covid-19
 Covid-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 29 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы санитарон уагдоны.
"Дыццӕджы нӕ лабораторийы сарӕзтой 109 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 29 иртӕсты. Медицинон хыгъдӕй систой 28 пациенты, дохтырты хъусдарды бын ма сты 192 рынчыны", - загътой уагдоны.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 13 785.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 67 168 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 13 977 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0