https://sputnik-ossetia.com/20220303/khussar-iry-uum-radzyrdtoy-transkamyl-uavary-tykhkhay-15749048.html
Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамыл уавӕры тыххӕй
Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамыл уавӕры тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндагон змӕлд цӕуы штатон режимы, фӕлӕ Транскавказы автомагистралыл уары... 03.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-03T10:36+0300
2022-03-03T10:36+0300
2022-03-03T10:36+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/0e/15206529_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_78fc15db817fbe5281aba1896894c8ca.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндагон змӕлд цӕуы штатон режимы, фӕлӕ Транскавказы автомагистралыл уары къӕвда, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.Трассӕ хорз уавӕры ис, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ УУМ сидынц шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй гӕнӕн ис ӕрцӕуой цъыфы зӕйтӕ ӕмӕ дурты ӕркалд.Цӕгат Ирыстоны УУМ бафӕдзӕхстой зӕйты ӕрцыды тасы тыххӕй 1 500 метрӕй бӕрзонддӕр хӕххон районты. Штормон фӕдзӕхст адарддӕр уыдзӕн 4 марты изӕры онг.Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/0e/15206529_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_53289313b3cac650d2e9c514d3f5115e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамыл уавӕры тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндагон змӕлд цӕуы штатон режимы, фӕлӕ Транскавказы автомагистралыл уары къӕвда, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.
"Транскавказы автомагистралыл уары къӕвда, фӕлӕ уый нӕ хъыгдары транспорты змӕлд", - банысан кодтой уагдоны.
Трассӕ хорз уавӕры ис, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ УУМ сидынц шофыртӕм, цӕмӕй уой арӕхстджын, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй гӕнӕн ис ӕрцӕуой цъыфы зӕйтӕ ӕмӕ дурты ӕркалд.
Цӕгат Ирыстоны УУМ бафӕдзӕхстой зӕйты ӕрцыды тасы тыххӕй 1 500 метрӕй бӕрзонддӕр хӕххон районты. Штормон фӕдзӕхст адарддӕр уыдзӕн 4 марты изӕры онг.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.