https://sputnik-ossetia.com/20220303/prezidenton-flvarn-auadzyny-nyuanst-15759607.html
Президентон фæлварæн ауадзыны нюанстæ
Президентон фæлварæн ауадзыны нюанстæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
0.00 Ног хабӕртӕ 03.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-03T15:53+0300
2022-03-03T15:53+0300
2022-03-04T11:01+0300
радио иронау
видео
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/03/15758861_0:10:480:280_1920x0_80_0_0_b4ace2a41d9fa968836b43477db29148.jpg
0.00 Ног хабӕртӕ 2.27 Транскамы трассӕйыл ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фадат кӕй нӕй, уый тыххæй фӕндагон змӕлд ӕрурӕдтой транспорты алы хуызӕн дӕр. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Бестауты Ацæмæз загъта, зæгъгæ, Транскамыл 12.00 сахатӕй фӕстӕмӕ фӕндагон змӕлдыл ис тобӕ дыууӕрдӕм дӕр сӕрмагонд барамынды онг. Хӕхты ис зӕйты ӕрцыды тас. Мит уардзæн дыууæ боны. Комментари: Бестауты Ацæмæз - уӕлвӕткон уавӕрты министрады сæргълæууæджы хæдивæг 9.27 Президенты бынатмӕ кандидат суӕвын кæй фæнды, уыдон ратдзысты фӕлварӕнтӕ уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл. ХИПУ-йы профессор, къамисы уӕнг Битарты Зоя загъта, зæгъгæ, уыдзысты дыууӕ диктанты ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл ӕмӕ иу та дзургӕ фӕлварӕн. "Диктанты тексттӕ классикты уацмыстӕй сургучæй æхгæд конвертты", - загъта ахуыргонд. Фӕлварӕнты бахыгъд райсыны тыххæй фараст орфографион æмæ пунктуацион рӕдыдӕй фылдӕр ма хъуамæ 'руадзой. Æмбӕлон уагыл æй куыннӕ ныффыссой, уӕд ӕвзӕрстыты агъоммӕ тохӕй хауынц. Битарты Зоя ма бафтыдта, зæгъгæ, цӕмӕй фӕлварӕны хатдзӕгтӕм фау ӕрхӕссӕн ма уа, уый тыххӕй кандидатӕн бар ис йӕ куысты ксерокопи йемӕ рахӕссын. Комментари: Битарты Зоя - ХИПУ-йы профессор, къамисы уӕнг 24.43 Мюнхены хицауад æрдомдтой Гергиты Валерийæ, цæмæй Уæрæсейы политикæимæ йе 'нæразыдзинад равдиса, фæлæ уый не сразы ис. Уый фæстиуæгæн Мюнхены филармонион оркестры аивадон сæргълæууæг æмæ сæйраг дирижер Гергиты Валерийы йæ куыстæй систой. Ацы хабары тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Зассеты Жанна. Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд ацы мадзæттæй искæмæн рахъыг кодтой, уæд сæхицæн. Европæ фесæфта, гениалон дирижеры къухы бынæй цы диссаджы аивадон тæфаг цыдис, уый.Комментари: Зассеты Жанна - культурайы министрады сæргълæууæг
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/03/15758861_0:0:480:360_1920x0_80_0_0_e84dfd8f2e80fa0eb9b8141ff20b97a5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
радио иронау , видео, видео
радио иронау , видео, видео
2.27 Транскамы трассӕйыл ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фадат кӕй нӕй, уый тыххæй фӕндагон змӕлд ӕрурӕдтой транспорты алы хуызӕн дӕр. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Бестауты Ацæмæз загъта, зæгъгæ, Транскамыл 12.00 сахатӕй фӕстӕмӕ фӕндагон змӕлдыл ис тобӕ дыууӕрдӕм дӕр сӕрмагонд барамынды онг. Хӕхты ис зӕйты ӕрцыды тас. Мит уардзæн дыууæ боны.
Комментари: Бестауты Ацæмæз - уӕлвӕткон уавӕрты министрады сæргълæууæджы хæдивæг
9.27 Президенты бынатмӕ кандидат суӕвын кæй фæнды, уыдон ратдзысты фӕлварӕнтӕ уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл. ХИПУ-йы профессор, къамисы уӕнг Битарты Зоя загъта, зæгъгæ, уыдзысты дыууӕ диктанты ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл ӕмӕ иу та дзургӕ фӕлварӕн.
"Диктанты тексттӕ классикты уацмыстӕй сургучæй æхгæд конвертты", - загъта ахуыргонд.
Фӕлварӕнты бахыгъд райсыны тыххæй фараст орфографион æмæ пунктуацион рӕдыдӕй фылдӕр ма хъуамæ 'руадзой. Æмбӕлон уагыл æй куыннӕ ныффыссой, уӕд ӕвзӕрстыты агъоммӕ тохӕй хауынц. Битарты Зоя ма бафтыдта, зæгъгæ, цӕмӕй фӕлварӕны хатдзӕгтӕм фау ӕрхӕссӕн ма уа, уый тыххӕй кандидатӕн бар ис йӕ куысты ксерокопи йемӕ рахӕссын.
Комментари: Битарты Зоя - ХИПУ-йы профессор, къамисы уӕнг
24.43 Мюнхены хицауад æрдомдтой Гергиты Валерийæ, цæмæй Уæрæсейы политикæимæ йе 'нæразыдзинад равдиса, фæлæ уый не сразы ис. Уый фæстиуæгæн Мюнхены филармонион оркестры аивадон сæргълæууæг æмæ сæйраг дирижер Гергиты Валерийы йæ куыстæй систой. Ацы хабары тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Зассеты Жанна. Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд ацы мадзæттæй искæмæн рахъыг кодтой, уæд сæхицæн. Европæ фесæфта, гениалон дирижеры къухы бынæй цы диссаджы аивадон тæфаг цыдис, уый.
Комментари: Зассеты Жанна - культурайы министрады сæргълæууæг