Зассеты Жанна: Европæ фесæфта гениалон дирижеры

Зассеты Жанна: Европæ фесæфта гениалон дирижеры
Рафыссын
Уæрæсейы ныхмæ Европæйаг Цæдисы расидгæгонд санкцитæ бандæвтой аивадыл дæр. Мюнхены хицауад æрдомдта зынгæ ирон дирижер Гергиты Валерийæ, цæмæй Уæрæсейы политикæимæ йе 'нæразыдзинад равдиса, фæлæ уый не сразы ис. Уый фæстиуæгæн Мюнхены филармонион оркестры аивадон сæргълæууæг æмæ сæйраг дирижер Гергиты Валерийы йæ куыстæй систой. Ацы хабары тыххæй йæ хъуыдытæ загъта РХИ культурæйы министр Зассеты Жанна.
Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд ацы мадзæлттæй искæмæн рахъыг кодтой, уæд сæхицæн. Европæ фесæфта, гениалон дирижеры къухы бынæй цы диссаджы аивадон тæфаг цыд, уый.
Культурæйы министрады сæргълæууæг ма æрымысыд цымыдисон цау. Хуссар Ирыстоны 2008 азы хæсты тæккæ фæстæ Гергиты Валерий Цхинвалмæ куы рцыд, уæд йæ разы лæууыд сывæллон, уый йæм бацыдис æм æмæ йын йæ хæлафы къæхтæ æрлæгъз кодта.
"Валерий у фыццаг адæймаг Хуыцауæй æрвыст, кæцы махмæ хæсты тæмæны æрцыд æмæ нын ныфс радта", - банысан кодта Зассеты Жанна.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны, 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0