00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Ӕнӕрлӕугӕ митуард: УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 мар фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндагыл митуард нӕ лӕууы, тас у зӕйтӕ ӕрцӕуынӕй, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕтон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.
Фӕндагон змӕлд Транскамыл ӕрурӕдтой цыппӕрӕмы ӕвзӕр боныгъӕды аххосӕй.
"Транскамы цӕгаттаг ӕмӕ хуссар фарс дӕр нӕ лӕууы митуард. Тас у зӕйтӕ ӕрцӕуынӕй, уымӕ гӕсгӕ фӕндаг сыгъдӕг нӕ кӕнынц нырма", - загътой уагдоны.
Уагдоны ма бафиппайдтой, Транскамы баконды тыххӕй нӕй бӕстон информаци.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0