Хуссар Иры иу суткӕмӕ COVID-19 сбӕрӕг кодтой 10 адӕймагӕн

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæ Covid-19
 Covid-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Югосетпотребнадзоры срегистраци кодтой дӕс ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Пандемийы райдианæй фæстæмæ ӕдӕппӕт Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 67 329 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 14 018 адӕймаджы.
"Нӕ лабораторийы цыппӕрӕмы цы 45 иртӕсты сарӕзтой, уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 10 тесты. Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой 30 пациенты", - загъта уагдоны сӕрглӕууӕг.
Дохтырты хъусдарды бын ма, Коцты Маринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сты 143 рынчыны. COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 13 865.
Ног хабӕртты лентӕ
0