Хуссар Иры цæрæджы æрцахстой тобæгонд "Лирикаимæ" - МХМ

© Sputnik / Наталья АйриянМилици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны наркоцæстдард æмæ Дзауы районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ æрурæдтой Къостайы хъæуы 28-аздзыд цæрæджы тобæгонд препарат "Лирика"-йы капсулæтимæ. Уый тыххæй майрæмбоны хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Нæгоймаджы æрцахстой ПАИ стационарон постыл оперативон информацийы реализацийы рæстæджы - барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ баурæдтой хæдтулгæ "Mercedes".
"Басгæрсты рæстæджы пассажиры, Цхинвалы районы Къостайы хъæуы 28-аздзыд цæрæджы дзыппы ссардæуыд пакет препарат "Лирика"-йы аст капсулæимæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, фæткхалæгмæ кæй æнхъæлмæ кæсы административон бæрндзинад тобæгонд буарадты парахаты тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0