Куыд бӕрӕг кӕндзысты президенты постмӕ кандидатты зонындзинӕдтӕ

Куыд бӕрӕг кӕндзысты президенты постмӕ кандидатты зонындзинӕдтӕ
Рафыссын
Президенты бынатмӕ кандидат суӕвынмæ чи хъавы, уыдон хъуамæ радтой фӕлварӕнтӕ уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзӕгтыл. Куыд ацæудзæн фæлварæн, уый тыххæй Sputnik радзырдта ХИПУ-йы профессор, къамисы уӕнг Битарты Зоя.
"Дыууӕ диктанты ауадздзыстæм ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл. Иу та дзургӕ фӕлварӕн. Диктанты тексттӕ райсдзыстæм классикты уацмыстӕй. Чидӕриддӕр цыппӕртыл ахуыр кодта скъолайы, уый сӕ ныффысдзӕн", - загъта профессор.
Уый ма банысан кодта, тексттæ кæй уыдзысты конвертты сургучæй æхгæд. Цæттæ куыстытыл та фыст уыдзæн номы бæсты номыр. Уымæ гæсгæ кæй куыст у, уый къамисы уæнгтæн бæрæг нæ уыдзæн, зондзысты йæ æрмæстдæр ЦÆК-ы.
Президенты бынатмӕ кандидаттӕм претенденты фыццаг хъӕуы радтын фӕлварӕн ирон ӕвзагӕй, уый ӕмбӕлон уагыл куыннӕ ныффыссой, уӕд ӕвзӕрстыты агъоммӕ тохӕй хауынц. Фӕлварӕнты бахыгъд райсынӕн хъӕуы 9 рӕдыдӕй фылдӕр ма 'руадзын, куыд орфографион, афтӕ пунктуационтӕ дӕр.
Фæлварæнон къамисы уæнг ма куыд радзырдта, афтæмæй кандидатӕн бар уыдзæн йӕ куысты ксерокопи саразын, цӕмӕй йын фӕлварӕны хатдзӕгтӕм фау ӕрхӕссӕн ма уа.
Бæстондæрæй президентон фæлварæны тыххæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0