https://sputnik-ossetia.com/20220305/dzhioty-zhanna-khusar-iry-natsion-bank-y-protsenton-vrd-n-fuldr-kndzn-15794561.html
Джиоты Жанна: Хуссар Иры Национ банк йæ процентон æвæрд нæ фæуæлдæр кæндзæн
Джиоты Жанна: Хуссар Иры Национ банк йæ процентон æвæрд нæ фæуæлдæр кæндзæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны Нациналон банчы корреспондентон хыгъд бакодтой Уæрæсейы стырдæр банктæй иуы. Уыцы банк дæр санкциты бын бахауд æмæ йæ операцион архайд ивы. Уый... 05.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-05T15:45+0300
2022-03-05T15:45+0300
2022-03-09T09:47+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/05/15794525_0:0:3073:1728_1920x0_80_0_0_45f906932a88a5236c9fca169eb44ce9.jpg
Джиоты Жанна: Хусар Иры Национ банк йæ процентон æвæрд нæ фæуæлдæр кæндзæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Жанна: Хусар Иры Национ банк йæ процентон æвæрд нæ фæуæлдæр кæндзæн
Хуссар Ирыстоны Нациналон банчы корреспондентон хыгъд бакодтой Уæрæсейы стырдæр банктæй иуы. Уыцы банк дæр санкциты бын бахауд æмæ йæ операцион архайд ивы. Уый фæстиуæгæн радио Sputnik Хуссар Ирыстон-æн Националон банкы сæргълæууæг Джиоты Жанна радта комментарий. Уый ма бансан кодта, бюджетон организацитæн сæ мызд кæй фидынц штатон режимы æнæ къуылымпыйæ. Æхцайы фæрæзтæ сты фаг, цæмæй Националон банк йæ хæстæ сæххæст кæна йæ клиентты раз."Мæ бон у фидарæй зæгъын, тагъд нæ уæрæсейаг банк-партнер йæ куыст кæй срæвдз кæндзæн. Иннæ фадгуытæ Националон банкы кусынц штатон режимы", - загъта Джиоты Жанна. Афтæ ма уагдоны сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Националон банк йæ процентон æвæрд, цы кредиттæ радта, уыдоныл нæ фæуæлдæр кæндзæн. Бæстонæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/05/15794525_81:0:2810:2047_1920x0_80_0_0_e0d3cde7ab4ec86a37af86b8c3788d53.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , экономикӕ, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , экономикӕ, аудио
Джиоты Жанна: Хуссар Иры Национ банк йæ процентон æвæрд нæ фæуæлдæр кæндзæн
15:45 05.03.2022 (Ранӕуӕггонд: 09:47 09.03.2022) Хуссар Ирыстоны Нациналон банчы корреспондентон хыгъд бакодтой Уæрæсейы стырдæр банктæй иуы. Уыцы банк дæр санкциты бын бахауд æмæ йæ операцион архайд ивы. Уый фæстиуæгæн радио Sputnik Хуссар Ирыстон-æн Националон банкы сæргълæууæг Джиоты Жанна радта комментарий.
"Ныры рæстæджы цыдæриддæр æрвитынц сомтæй, уыдон иууылдæр сæ рæстæгыл бахæццæ вæййынц. Хуссар Ирыстонмæ дæр цы æрвитынц, уыдон цæуынц æвæстиатæй. Фæсайрæйнаг валютæйæ Уæрæсейы Федерацийæ æддæмæ нал æрвитынц, махæн ницы у нæ бон саразын", - загъта Джиоты Жанна.
Уый ма бансан кодта, бюджетон организацитæн сæ мызд кæй фидынц штатон режимы æнæ къуылымпыйæ. Æхцайы фæрæзтæ сты фаг, цæмæй Националон банк йæ хæстæ сæххæст кæна йæ клиентты раз.
"Мæ бон у фидарæй зæгъын, тагъд нæ уæрæсейаг банк-партнер йæ куыст кæй срæвдз кæндзæн. Иннæ фадгуытæ Националон банкы кусынц штатон режимы", - загъта Джиоты Жанна.
Афтæ ма уагдоны сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Националон банк йæ процентон æвæрд, цы кредиттæ радта, уыдоныл нæ фæуæлдæр кæндзæн.
Бæстонæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.