Хуссар Иры ӕвзӕр боныгъӕды фӕстиуӕгӕн цалдӕр хъӕуы баззадысты ӕнӕ рухсӕй

© SputnikТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы кусджытӕ иуварс кӕнынц электронон хаххыл аваритӕ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.
Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны ӕвзӕр боныгъӕды аххосӕй электрон хаххыл ӕрцыд къорд аварийы.
"Электриктӕ кусынц цалдӕр бынаты, цы рад аскъуыд рухсы ифтонгад. Сӕ нымӕцы Присы хъӕу, Знауыры районы Хъорнисы ком ӕмӕ Ленингоры районы иу хай", - загъта Гӕбӕраты Анатолий.
Ӕппӕт аваритыл дӕр, баныфс ӕвӕрдта уый, ныридӕгӕн куыст цӕуы ӕмӕ боны дӕргъы иуварс ӕрцӕудзысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0