Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæ Covid-19
 Covid-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ацӕугӕ бон сарӕзтӕуыд 61 иртӕсты коронавирус рафӕлгъауыны фӕдыл, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕ равдыстой 12, фехъусын кодтой Sputnik сабаты райсомӕй Югосетпотребнадзоры.
Пандемийы райдианæй фæстæмæ ӕдӕппӕт Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 67 390 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 14 мин адӕймагӕй фылдӕр.
"Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 25 пациенты, дохтырты хъусдарды бын ма сты 140 рынчыны", - загътой уагдоны.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 13 890.
Ног хабӕртты лентӕ
0