https://sputnik-ossetia.com/20220307/khussar-iry-guftayy-skolayy-kollektiv-babarag-kodta-donbassay-ligdatty-15814605.html
Хуссар Иры Гуфтайы скъолайы коллектив бабӕрӕг кодта Донбассӕй лигъдӕтты
Хуссар Иры Гуфтайы скъолайы коллектив бабӕрӕг кодта Донбассӕй лигъдӕтты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы астӕуккаг скъолайы педагогон коллектив фӕуазӕг сты ДАР ӕмӕ ЛАР республикæтӕй... 07.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-07T17:03+0300
2022-03-07T17:03+0300
2022-03-07T18:03+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/07/15814199_160:0:1440:720_1920x0_80_0_0_8bf28932262f73048beddd761fe8a3e9.jpg
ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы астӕуккаг скъолайы педагогон коллектив фӕуазӕг сты ДАР ӕмӕ ЛАР республикæтӕй лигъдӕттӕм, кӕцытӕ рӕстӕгмӕ цӕрынц Цхинвалы ресторан "Виктория"-йы уазӕгдоны.Коллектив ӕрæмбырдгонд фӕрӕзтӕй сарӕзтой фынг лигъдӕттӕн. Фембӕлдысты бинонтимӕ. Ныхас цыд уазджытӕ ам бынаты цӕмӕй тыхсынц, ууыл.Скъолайы директор Тедеты Гретайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ ахуырадон уагдон хӕссы Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны хъайтар, уӕрӕсейаг ӕфсӕддон, кӕцы фӕмард Хуссар Ирыстоны сӕрвӕлтау, Денис Ветчиновы ном. Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуссар Ирыстоны адӕм сӕхӕдӕг дӕр уыдысты лигъдӕтты бынаты, ӕмӕ уӕлдай хорз ӕмбарынц сылгоймӕгты зындзинӕдтӕ.Скъолайы уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Махъоты Эльвирайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон рагӕй тырныдтой бабӕрӕг кӕнын лигъдӕтты.Лигьдӕттӕй сӕ иу Марина куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕм алы бон дӕр цӕуынц адӕм хуынтимӕ. Фӕстӕ нӕ лӕууынц нӕдӕр организацитӕ ӕмӕ уагдӕттӕ, нӕдӕр хуымӕтӕг адӕм.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/07/15814199_320:0:1280:720_1920x0_80_0_0_4b22ba3e87ce7b35cf29cefc10c2b33d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры Гуфтайы скъолайы коллектив бабӕрӕг кодта Донбассӕй лигъдӕтты
17:03 07.03.2022 (Ранӕуӕггонд: 18:03 07.03.2022) ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы астӕуккаг скъолайы педагогон коллектив фӕуазӕг сты ДАР ӕмӕ ЛАР республикæтӕй лигъдӕттӕм, кӕцытӕ рӕстӕгмӕ цӕрынц Цхинвалы ресторан "Виктория"-йы уазӕгдоны.
Коллектив ӕрæмбырдгонд фӕрӕзтӕй сарӕзтой фынг лигъдӕттӕн. Фембӕлдысты бинонтимӕ. Ныхас цыд уазджытӕ ам бынаты цӕмӕй тыхсынц, ууыл.
Скъолайы директор Тедеты Гретайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ ахуырадон уагдон хӕссы Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны хъайтар, уӕрӕсейаг ӕфсӕддон, кӕцы фӕмард Хуссар Ирыстоны сӕрвӕлтау, Денис Ветчиновы ном. Уый ма зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуссар Ирыстоны адӕм сӕхӕдӕг дӕр уыдысты лигъдӕтты бынаты, ӕмӕ уӕлдай хорз ӕмбарынц сылгоймӕгты зындзинӕдтӕ.
Скъолайы уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Махъоты Эльвирайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон рагӕй тырныдтой бабӕрӕг кӕнын лигъдӕтты.
"Бантыст махӕн ӕрцӕуын ӕмӕ нын уый ӕхсызгон у, фӕлӕ уымӕй райгонддӕр стӕм, Ирыстоны адӕм сӕ ӕнӕхъусдард кӕй нӕ уадзынц", - загъта уый.
Лигьдӕттӕй сӕ иу Марина куыд радзырдта, афтӕмӕй сӕм алы бон дӕр цӕуынц адӕм хуынтимӕ. Фӕстӕ нӕ лӕууынц нӕдӕр организацитӕ ӕмӕ уагдӕттӕ, нӕдӕр хуымӕтӕг адӕм.