Хуссар Ирыстоны рæстдинон адæмы Комбæттæны æгъдæуттæ

Рафыссын
Ирыстоны традицион æгъдæуттæ æмæ бæрæгбонтæ бирæ хатт æмдзу кæнынц рæстдинон уырнынады бæрæгбонтæ æмæ æгъæдæуттимæ. Уый тыххæй радио Sputnik эфиры æрныхас кодтам Фыд Симонимæ. Урсы къуырийы хуыцаубоны изæр бæрæгбонон фынг цæттæ кодтой, уый фæстæ дзидзайы хъæстæ мауал хъуамæ фæуыдаиккой суанг Куадзæны бонмæ.
Фыд Симон радзырдта, зæгъгæ, Комбæттæны сæйраг нысаниуæг у адæймаг йæхи тæригъæдæй хизын кæй сахуыр вæййы æмæ афтæмæй йæ удыхъæд сфидар кæны. Урсы къуыри Цæрвтæкъахæны сабаты, чырыстон "Прощенное воскресенье" æмæ мархойы райдайæны цæттæ кодтой комдарыны хæринæгтæ. Афтæмæй ма кæрæдзимæ хатыдысты, цæмæй кæд исчи искæй раз фæрæдыд, уæд йын æй ныббара. Ирон адæмон традицимæ гæсгæ, хуыцаубоны фæстаг хатт æвæрдтой бæрæгбонон фынг æмæ-иу сæхи хорз федтой. Дыккаг бон та-иу райдыдта Комбæттæн.
Адæймаг уыцы бон цы уавæры уыд, уымæ гæсгæ йæ нымадтой, æнæхъæн аз дæр ахæм уавæры уыдзæн. Бæстондæрæй Комбæттæны æгъдæутты тыххæй хъусут æрмæгмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры 106.3 Fm-ыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0