https://sputnik-ossetia.com/20220309/bibylty-anatoliy-babarag-kodta-100-azdzyd-veteran-dzigoyty-mariyayy--15830304.html
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта 100-аздзыд ветеран Дзигойты Марияйы
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта 100-аздзыд ветеран Дзигойты Марияйы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны ветеранты советы сӕргълӕууӕг Бесаты Вячеславимӕ иумӕ бабӕрӕг кодта Дзигойты Марияйы –... 09.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-09T16:30+0300
2022-03-09T16:30+0300
2022-03-09T16:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/09/15829151_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_0466c7c860f5ac757d532ced561c1ac5.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны ветеранты советы сӕргълӕууӕг Бесаты Вячеславимӕ иумӕ бабӕрӕг кодта Дзигойты Марияйы – фӕсчъылдымы ветераны, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеран Дзигойты Сардионы идӕдзы.Амӕйразмӕ ветераны чызджы чызг Дыгъуызты Зӕринӕ ракуырдта президентӕй баххуыс кӕнын цӕрӕнуаты цалцӕгимӕ, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ."Ӕххӕст арӕзтадон куыстытӕ райдайынӕн хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын хорз боныгъӕдтӕм, фӕлӕ уый фӕстӕ алцыдӕр сараздзыстӕм", - загъта президент.Бибылты Анатолий ма раарфӕ кодта Дзигойты Марияйӕн йӕ 100 азы юбилей ӕмӕ Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн, афтӕ ма загъта бузныг ветеранӕн хӕсты рӕстӕджы фӕллойы тыххӕй.Бибылты Анатолий бахӕс кодта ауадзын медицинон басгӕрст Дзигойты Марияйӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/09/15829151_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_2ce70c4c315701a66a48a911083f91b1.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта 100-аздзыд ветеран Дзигойты Марияйы
ЦХИНВАЛ, 9 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий Хуссар Ирыстоны ветеранты советы сӕргълӕууӕг Бесаты Вячеславимӕ иумӕ бабӕрӕг кодта Дзигойты Марияйы – фӕсчъылдымы ветераны, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеран Дзигойты Сардионы идӕдзы.
Амӕйразмӕ ветераны чызджы чызг Дыгъуызты Зӕринӕ ракуырдта президентӕй баххуыс кӕнын цӕрӕнуаты цалцӕгимӕ, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Ӕххӕст арӕзтадон куыстытӕ райдайынӕн хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын хорз боныгъӕдтӕм, фӕлӕ уый фӕстӕ алцыдӕр сараздзыстӕм", - загъта президент.
Бибылты Анатолий ма раарфӕ кодта Дзигойты Марияйӕн йӕ 100 азы юбилей ӕмӕ Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн, афтӕ ма загъта бузныг ветеранӕн хӕсты рӕстӕджы фӕллойы тыххӕй.
"Ды бирӕ сарӕзтай Стыр Уӕлахизӕн, ныр та Дӕ цӕвиттон кӕстӕр фӕлтӕрӕн. Мӕ цӕст дын уарзы фидар ӕнӕниздзинад", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Бибылты Анатолий бахӕс кодта ауадзын медицинон басгӕрст Дзигойты Марияйӕн.