https://sputnik-ossetia.com/20220309/donbassy-admy-urse-khuam-bakhakhkhna-kievy-rezhimy---politolog-15830980.html
Донбассы адæмы Уæрæсе хъуамæ бахъахъхъæна Киевы режимæй - политолог
Донбассы адæмы Уæрæсе хъуамæ бахъахъхъæна Киевы режимæй - политолог
Sputnik Хуссар Ирыстон
НАТО-йы блокмæ хауæг хæстон фадгуытæн Украинæйы бынат кæй ссардæуыд, уый дæр банымайæн ис куыд фæрсаг нысан, æфхæрды операци кæй цæттæ кодтой, загъта... 09.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-09T17:07+0300
2022-03-09T17:07+0300
2022-03-09T17:07+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/09/15830945_0:0:3072:1728_1920x0_80_0_0_47812f731b9e630b7175c978890bb657.jpg
Уæрæсе Донбассы адæмы хъуамæ бахъахъхъæной Киевы режимæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсе Донбассы адæмы хъуамæ бахъахъхъæной Киевы режимæй
НАТО-йы блокмæ хауæг хæстон фадгуытæн Украинæйы бынат кæй ссардæуыд, уый дæр банымайæн ис куыд фæрсаг нысан, æфхæрды операци кæй цæттæ кодтой, загъта хуссарирыстойнаг политолог Уæзæгты Юрий.24 февралы Уæрæсе райдыдта сæрмагонд хæстон операци Украинæйы. Владимир Путин йæ нысан схуыдта "аст азы дæргъы хъизæмар чи кодта, уыцы адæмы бахъахъхъæнын Киевы режимæй". Уый фæстæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады публикацигонд документтæй рабæрæг ис, 2022 азы марты Украинæйы Æфсæддон тыхтæ хæстон æфхæрæн операци кæй цæттæ кодтой Донбассы сабыр цæрджыты ныхмæ. "Уыдон хъуыды кодтой афтæ: Уæрæсейæн йæ бон не суыдзæн æфсæддон тыхтæй спайда кæнын Донбассы адæмы бахъахъхъæныны тыххæй, америкæйаг æмæ æндæр ныгуылæйнаг паддзахадты хæстон тыхтæ куы уой Украинæйы зæххыл, уæд", - радзырдта политолог.Эксперты хъуыдымæ гæсгæ, афтæ куы нæ сархайдтаид Уæрæсе, уæд хæстон конфликт райдыдтаид Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты æмæ йын уыдаид æндæр фæстиуджытæ.Фактон æгъдауæй Уæрæсе йæ денацификаци æмæ демилитаризацийы сæрмагонд операцийæ ныппырх кодта европæйаг хæст сцырын кæныны плæнттæ.Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106.3 fm.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/09/15830945_222:0:2953:2048_1920x0_80_0_0_0ed7263485756515c3a098df95d71fff.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , политикӕ, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , политикӕ, аудио
НАТО-йы блокмæ хауæг хæстон фадгуытæн Украинæйы бынат кæй ссардæуыд, уый дæр банымайæн ис куыд фæрсаг нысан, æфхæрды операци кæй цæттæ кодтой, загъта хуссарирыстойнаг политолог Уæзæгты Юрий.
24 февралы Уæрæсе райдыдта сæрмагонд хæстон операци Украинæйы. Владимир Путин йæ нысан схуыдта "аст азы дæргъы хъизæмар чи кодта, уыцы адæмы бахъахъхъæнын Киевы режимæй". Уый фæстæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады публикацигонд документтæй рабæрæг ис, 2022 азы марты Украинæйы Æфсæддон тыхтæ хæстон æфхæрæн операци кæй цæттæ кодтой Донбассы сабыр цæрджыты ныхмæ.
"Уыдон хъуыды кодтой афтæ: Уæрæсейæн йæ бон не суыдзæн æфсæддон тыхтæй спайда кæнын Донбассы адæмы бахъахъхъæныны тыххæй, америкæйаг æмæ æндæр ныгуылæйнаг паддзахадты хæстон тыхтæ куы уой Украинæйы зæххыл, уæд", - радзырдта политолог.
Эксперты хъуыдымæ гæсгæ, афтæ куы нæ сархайдтаид Уæрæсе, уæд хæстон конфликт райдыдтаид Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæты æмæ йын уыдаид æндæр фæстиуджытæ.
Фактон æгъдауæй Уæрæсе йæ денацификаци æмæ демилитаризацийы сæрмагонд операцийæ ныппырх кодта европæйаг хæст сцырын кæныны плæнттæ.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны 106.3 fm.