Президенттӕм кандитаттӕ дӕттынц фӕлварӕнтӕ: политологы комментари

Рафыссын
1.50 Ног хабӕрттӕ
4.59 Президенттӕм кандитаттӕ дӕттынц фӕлварӕнтӕ.
Ныр дыккаг бон Централон ӕвзарӕн къамис уадзы фӕлварӕнтӕ президенттӕм кандидаттӕн. Абон фӕлварӕн дæттынц фондз кандидаты - Тасойты Дмитрий, Санахъоты Дауыт, Плиты Александр, Чилӕхсаты Владимир ӕмӕ Хъазиты Зелим. Раздӕр фӕлварӕн радтой Бибылты Анатолий, Пухаты Владимир, Гессеты Ибрагим, Кацты Гено ӕмӕ Гаглойты Алан. Фӕстӕдӕр президент Бибылты Анатолий социалон хызӕджы спубликаци кодта йӕ куыст, ӕмӕ ӕрсидт иннӕ кандидаттӕм дӕр афтӕ саразын. Ӕвзарӕн къамис куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ фыццаг фондз кандидаты фӕлварӕн кустыты хатдзӕгтӕ уыдзысты бӕрӕг цыппӕрӕмы.
Комментари: Гобозты Вячеслав - политолог.
24.10 Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрад ныммыхуыр кодта сусӕг документ, цы ран рабӕрӕг ис Киевы ӕфсӕдтон нывӕзтытӕ.
Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады минӕвар, инӕлар-майор Игорь Конашенков фехъусын кодта, Уӕрӕсейы ӕфсады къухы кæй бафтыдысты Украинайы нацгвардийы докуметтӕ, цы ран дзырдӕуыд, Киев кӕй хъавы бырсӕн операци расидын Донбасмӕ марты.
Конашенков бахахх кодта, Хъахъхъӕнынады министрады хорз кӕй хъуыды кӕнынц, февралы Киевы дзыллон массон информацийы фӕрӕзтӕ кӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, Украинайӕн нӕй тыхон нывӕзтытӕ Луганск ӕмӕ Донецкы республикӕты ныхмӕ, ӕмӕ конфликтон фарстытӕ кӕй хъавынц дипломатон хуызы скъуыддзаг кӕнын.
Комментари: Уæзæгты Юрий - президенты администрацийы информацион-аналитикон барады сæргълæууæг, политолог.
Ног хабӕртты лентӕ
0