Бестауты Ацæмæз: Транскамыл æдасдзинадæн фæахъаз уаид галерейты арæзтад

Бестауты Ацæмæз: Транскамы фæндагæн фæахъаз уаиккой галереятæ саразын
Рафыссын
Транскавказаг автомагистралыл цæмæй фæндагон змæлд афтæ арæх ма æхгæной, уый тыххæй хъæуы ноджы цалдæр галерей саразын, загъта РХИ Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Бестауты Ацæмæз.
Транскам ныр дыккаг бон у æхгæд тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тасы тыххӕй. Тобӕ архайы дыуууӕрдӕм дӕр сӕрмагонд барамынды онг.
"Зæй æрцæуынæй фылдæр тас у цæгатварс. Хуссарварс ис æрмæстдæр дыууæ бынаты, зæйтæ кæм æрцæуы", - банысан кодта уый.
Бестауты Ацæмæз ма банысан кодта, Ручъы тоннелӕй цӕгаттаг хайыл мигъ кæй ӕрбадт, уымæ гæсгæ фӕндагон службӕтӕн фадат кæй нӕй бавналын куыстмӕ.
"Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, сом дæр уардзæн мит æмæ нӕ бон зӕгъын нӕу, кӕд байгом уыдзӕн фӕндаг", - загъта Бестауты Ацæмæз.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0