Гаглойты Лиана: Галаты Борисы райгуырӕн бон хъуамӕ суа ирон профессионалон музыкӕйы бон

Гаглойты Лиана: Галаты Борис уыд ирон профессионалон музыкӕйы бындурӕвӕрӕг
Рафыссын
Цыппæрæмы, 10 марты ирон музыкалон аивады минӕвӕрттӕ нысан кӕнынц фыццаг ирон композитор, дирижер, фольклорист Галаты Борисы райгуырӕн бон. Борисы номыл культурон фонды генералон директор Гаглойты Лиана куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ацы бон Галаты Борисы хӕдзар-музей у гом уазджытӕн ӕмӕ горӕты цӕрджытӕн.
"Фӕнды мӕ, цӕмӕй 10 март суа ирон профессионалон музыкӕйы бон. Ӕмӕ кӕй фӕнды, уыдон ӕрбацӕуӕд ӕмӕ фенӕт, цы стыр хӕзна ныууагъта Галаты Борис музыкалон культурӕйы", - загъта уый.
Галаты Борис ирд фӕд ныууагъта ирон аивады ӕмӕ, культурон фонды сӕргълӕууӕг куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ у уый аккаг, цӕмӕй йын ӕмбӕлон аргъ кӕной.
"Цымыдисаг ма уый у, цы зын уавӕрты ӕрцыдысты хъахъхъӕд йӕ архивтӕ, йӕ хорзӕхтӕ Тыбылты Зарифайы руаджы", - банысан кодта Гаглойты Лиана.
Уый ма бафиппайдта, Борисы музыкалон хӕзна кӕй разӕнгард кӕны иннӕты дӕр аивады хаххыл архайынмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0