Цхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
Цхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Галаты Борисы хӕдзар-музейы гом дуӕртты акцимӕ ӕрӕмбырд сты ансамбль "Симд"-ы минӕвӕрттӕ, студенттӕ, музыканттӕ ӕмӕ республикӕйы президент Бибылты Анатолий.
Йӕ фӕдонтӕ Гаглойты Лиана ӕмӕ Гӕбӕраты Андрей уазджыты зонгӕ кодтой генийы бынтимӕ. Ам фехъусӕн уыд композиторы уацмыстӕ, йӕхи хъӕлӕс ӕмӕ афӕлгӕсын ӕппӕт йӕ цардвӕндагыл.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
133 года со дня рождения Бориса Галати - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2022
Цхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
Галаты Борисӕн кӕд йӕ профессионалон карьерӕ сӕрӕзт Цхинвалы, уӕд ӕнӕуый та уыд Дыгургомӕй. Схъомыл ис сидзӕрӕй. Йӕ мады фыд уыд уӕздӕттӕй ӕмӕ йӕ чызджы амондыл не сразы, ӕвзӕгтӕ Кӕсӕгмӕ рацыдысты цӕрынмӕ. Ныййарджытӕ бирӕ нӕ ацардысты ӕмӕ сӕ зӕнӕг баззадысты хӕстӕджыты ӕвджид сидзӕрӕй.
"Уый канд гениалон композитор ӕмӕ диссаджы фольклор ӕмбырдгӕнӕг нӕ уыд, фӕлӕ ма уыд тыхджын ӕфснайд лӕг. Алцыдӕр уыд ӕвӕрд бынаты ӕмӕ уый бӕрц бирӕ мигӕнӕн ӕмӕ бынтӕ бантыст бахъахъхъӕнын",- загъта Гаглойты Лиана
Музейы алы къуым дӕр йедзаг у цымыдисон ӕрмӕгӕй - рагон музыкалон инструменттӕ, кӕцыты нымӕц хизы дӕсы онг, рагон пластинкӕтӕ, номдзыд адӕмы хуызисттӕ. Хъӕзныг у Галаты Борисы сӕрмагонд архив паддзахадон ансамбль "Симд" историйӕ дӕр. Иу хицӕн къордӕй рахицӕн кӕнӕн ис цы фольклорон ӕрмӕг ӕмбырд кодта, уый.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
133 года со дня рождения Бориса Галати - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2022
Цхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
"Мах райстам Уӕрӕсейы президенттон грант ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уацмыстӕй 100 бӕрц рацыд бакуыст, фӕлӕ ӕмткӕй сӕ нымӕц та у 700 бӕрц. Йӕ музыкалон хӕзнадоны ис дӕсы бӕрц ритуалон зарджытӕ. Уым ӕвдыст цӕуынц ӕгъдӕуттӕ. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕй иу райгуырд 1825 азы", - радзырдта Гӕбӕраты Андрей.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
133 года со дня рождения Бориса Галати - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2022
Цхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
Музыкалон ӕмӕ фольклорон бынтӕй дарддӕр хӕдзар йедзаг йӕхи сӕрмагонд дзаума, фыстӕджытӕ ӕмӕ ӕндӕр цымыдисон ӕрмӕгӕй, кӕцытӕй пайда кодта йӕхӕдӕг гениалон композитор.
Экскурсийы рӕстӕджы уазджтытӕн фенын кодтой Туаты Теминайы киноныв Галаты Борисы тыххӕй. Гагаты Борисы авналӕнтӕ уыдысты егъау, Падзахадон ансамбль Симды, куыстӕй дарддӕр ныффыста музыкӕ 30 спектаклӕн, киноныв "Фатимӕ"-йӕн. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕстӕ Цхинвалы ӕрӕмбырд кодта оркестр дӕр.
Уыдон ма ӕрдзырдтой, музейы ӕрмӕг бирӕ кӕй ис, ӕмӕ авналӕнтӕ та сты къуындӕг, стӕй ма кӕцыдӕр ӕрмӕгӕн хъӕуы сӕрмагонд уавӕртӕ дарынӕн.
© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
133 года со дня рождения Бориса Галати - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2022
Цхинвалы банысан кодтой Галаты Борисы райгуырӕн бон
Музейы бардарджытӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой музейӕн паддзахадон статус раттыны фарст. Паддзахады разамонӕг ныфс радта, фарст лыг кӕй ӕрцӕудзӕн.

"Ӕрмӕст паддзахадон статус раттынӕй хъуыддаг аразгӕ нӕу, хъӕуы финансон ӕгъдауӕй статус сфидар кӕнын. Ацы дыууӕ фарстыл иумӕ бацархайдзыстӕм", - загъта президент Бибылты Анатолийы.

Уый ма бафтыдта, йӕ фӕстаг бацыдӕй нырмӕ музей зынгӕ кӕй фехъӕздыг ис.
Ӕхсӕнадӕн Галаты Борисимӕ бӕстон базонгӕ кӕныны бон Цхинвалы ӕрӕмных кодтой йӕ райгуырӕн бонмӕ - 10 мартмӕ, фӕстӕдӕр экспонаттӕ фендзысты Дзӕуджыхъӕуы дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0