https://sputnik-ossetia.com/20220311/transkamy-na-lauuy-mituard-fandag-artykkag-bon-u-akhgad---khussar-iry-uum-15856551.html
Транскамы нӕ лӕууы митуард, фӕндаг ӕртыккаг бон у ӕхгӕд - Хуссар Иры УУМ
Транскамы нӕ лӕууы митуард, фӕндаг ӕртыккаг бон у ӕхгӕд - Хуссар Иры УУМ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Транскам ныр тыккаг бон у ӕхгӕд ӕнӕрлӕугӕ митуарды тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Иры Уӕлвӕткон уавӕрты... 11.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-11T11:06+0300
2022-03-11T11:06+0300
2022-03-11T11:06+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
транскам
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/0e/15206530_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_4ecf20007cc322ecc06ca94bbe1c7955.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Транскам ныр тыккаг бон у ӕхгӕд ӕнӕрлӕугӕ митуарды тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Иры Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы. Транскам сӕхгӕдтой ӕртыццӕджы изӕры, тыхджын митуарды аххосӕй нӕ уыд сифтонг кӕнын фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад. Тобӕ ӕвӕрд ӕрцыд дыууӕрдӕм дӕр сӕрмагонд барамынды онг. Цыппӕрӕмы фӕнда асыгъдӕг кӕнын нӕ бантыст мигъ ӕмӕ митуарды тыххӕй.Цӕгатирыстойнаг уӕлвӕткон министрад дӕр фӕдзӕхсы зӕйтӕ рацӕуыны тасӕй Ирыстоны хӕххон бынӕтты.Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/01/0e/15206530_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_3dc8e7cd45f74a3cc7b3306dad82fd5b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, транскам
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, транскам
Транскамы нӕ лӕууы митуард, фӕндаг ӕртыккаг бон у ӕхгӕд - Хуссар Иры УУМ
ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Транскам ныр тыккаг бон у ӕхгӕд ӕнӕрлӕугӕ митуарды тыххӕй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Иры Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.
Транскам сӕхгӕдтой ӕртыццӕджы изӕры, тыхджын митуарды аххосӕй нӕ уыд сифтонг кӕнын фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад. Тобӕ ӕвӕрд ӕрцыд дыууӕрдӕм дӕр сӕрмагонд барамынды онг. Цыппӕрӕмы фӕнда асыгъдӕг кӕнын нӕ бантыст мигъ ӕмӕ митуарды тыххӕй.
"Боныгъӕд ноджы кӕй февзӕрдӕр ис, уый аххосӕй Транскам нырма дӕр у ӕхгӕд фӕндагон змӕлдӕн сӕрмагонд барамынды онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Цӕгатирыстойнаг уӕлвӕткон министрад дӕр фӕдзӕхсы зӕйтӕ рацӕуыны тасӕй Ирыстоны хӕххон бынӕтты.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.