Уӕрӕсейы авиаци 20 мартмӕ адарддӕр кодта рӕстӕгмӕйы рейсты

Рафыссын
1.20.Ног хабӕрттӕ
5.30 Уӕрӕсейы авиаци 20 мартмӕ адарддӕр кодта рӕстӕгмӕйы рейсты арӕнӕврӕдтӕ бӕстӕйы Централон ӕмӕ Хуссар хаймӕ, уый тыххӕй фехъусын кодтой сӕ сайтыл.
Хъусынгӕнинаджы дзырдӕуы: 20 марты онг 3:45 Мӕскуыйы рӕстӕгмӕ гӕсгӕ адарддӕр кодтом арӕнӕвӕрд рейстыл. Рейстӕ рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой аэропортты: Анапа, Белгород, Брянск, Воронеж, Геленджик, Краснодар, Курск, Липецк, Ростов-на-Дону, Симферополь, Элиста.
Комментари: Горбунова Кристина - PR-менеджер.
5.28. Хуссар Иры столицӕйы иу хай майрӕмбоны баззайдзӕн ӕнӕ донӕй
Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг хай баззайдзӕн рӕстӕгмӕ ӕнӕ донӕй, магистралон хаххыл куыстыты аххосӕй, фехъусын кодта Sputnik "Водоканал"-ы генералон директоры хӕдивӕг Джиоты Инга.
Доны цухдзинад уыдзӕн райсом 9 сахатӕй ӕртӕ сахатмӕ столицӕйы цӕгаттаг микрорайонтӕ Мӕскуыйаг, БАМ, Хурзӕрин, Цӕгаттаг, кӕцытӕм ис ӕдзухон донифтонгад.
Комментари: Джиоты Инга - "Водоканал"-ы генералон директоры хӕдивӕг.
Бигъуылаты Олегы - хъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕг.
16.50. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты ахуыр кӕндзысты уадындзыл цӕгъдын.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы Культурӕйы хӕдзары бакодтой музыкалон кружок, цы ран сывӕллӕтты ахуыр кӕндзысты уадындзыл цӕгъдын. Уый тыххӕй фехъусын кодта горӕты администрацийы культурӕйы управленийы сӕргълӕууӕг Тасойты Игорь.
Ацы кружок хъуамӕ бакодтаиккой иу азы размӕ, фӕлӕ эпидемиологон ситуацийы тыххӕй фӕкъуылымпы ис.
Комментари: Ӕлборты Лана - кружокы къухдариуӕггӕнӕг, зындгонд музыкант
Ног хабӕртты лентӕ
0