Андиты Альбертӕн сӕвӕрдтой цырт Белграды

Андиты Альберт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ Андиты Альбертӕн Сербийы сӕйраг горӕты бакодтой цырт. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15 регион Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнады информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Сербийы зындгонд бархионӕн, кӕцы бӕстӕйы сӕрибардзинадыл тох кӕнынмӕ ныццыд 1999 азы, цырт бакӕныны церемони ацыд Белграды централон уӕлмӕрды.
"Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ хъайтары хӕстон ӕмбӕлттӕ, ветеранон организациты минӕвӕрттӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уымӕй размӕ ма Андиты Альберты цытӕн Белграды уынджы нывгæнджытæ Фæсивæды хæдзары цур къулыл сарæзтой мурал.
Белграды сарæзтой мурал ирон бархион Андиты Альберты цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.03.2021
Белграды сарæзтой мурал ирон бархион Андиты Альберты цытæн
Андиты Альберт ивгъуыд æнусы 90-æм æзты хæцыд албайнаг сепаратистты ныхмæ Косовойы. Уыд югославаг æфсады 549-æм бригадæйы снайпер.
Уый фæзиан ис фарон марты госпиталы Батайницайы. Йæ амæлæты аххосаг - коронавирусы фæстиуджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0