Цхинвалы цӕгаттаг хайы рӕстӕгмӕ ӕрурӕдтой донифтонгад

© pixabay / slavoljubovskiКран
Кран - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы иу хай къуырисӕры ӕвзардзӕн донифтогадимӕ проблемӕтӕ. Рӕстӕгмӕ зындзинӕдтӕ баст сты доны хаххыл куыстытимӕ, фехъусын кодта Sputnik "Водоканал"-ы генералон директоры хӕдивӕг Джиоты Инга.
Доны цухдзинад ӕвзардзысты Цхинвалы цӕгаттаг хайы цӕрджытӕ райсом 11 сахатӕй боны ӕртӕ сахатмӕ.

"Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы цур хаххӕй дон хъуызы, уый аиуварс кӕныныл архайдзысты бирагадӕтӕ. Ӕмрӕстӕджы куыстытӕ цӕудзысты Къостайы хъӕуы доныхахх "Едыс-Цхинвал"-мӕ баиу кӕныныл дӕр", - загъта Джиоты Инга.

Уымӕй дарддӕр ма столицӕйы кӕцыдӕр уынгты цӕрджытӕ та хъаст кӕнынц ӕнахуыр чъизи донӕй.
"Зӕронд коммуникациты исты авари куы ӕрцӕуы, уӕд уый фӕстӕ дон йемӕ раласы хызӕгты згӕ. Уый у рӕстӕгмӕ фӕзынд", - бафтыдта"Водоканал"-ы минӕвар.
Фӕстаг бонты магистралон доны хахх горӕты кӕцыдӕр районтӕм ахицӕн кодтой ныр дыккаг хатт.
Ног хабӕртты лентӕ
0