Хуссар Иры дуканиты уадзынц рейдтӕ ӕргътӕ ӕнӕбындурон фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры дуканиты уадзынц рейдтӕ ӕргътӕ ӕнӕбындурон фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл
Хуссар Иры дуканиты уадзынц рейдтӕ ӕргътӕ ӕнӕбындурон фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) экономикон ӕдасдзинады дӕлхайады кусджытӕ Генпрокуратурӕ, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ Экономикон райрӕзты министрады минӕвӕрттимӕ уадзынц рейдтӕ республикӕйы хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтекты, цӕмӕй ма руадзой ӕргъты ӕнӕбындурон фӕфылдӕр. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Мах уадзӕм мадзӕлттӕ, цӕмӕй ма фӕфылдӕр уой ӕргътӕ хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ хостыл. Абоны рейдты рӕстӕджы мах не сбӕрӕг кодтам фехӕлдтӕ", - загъта республикӕйы бардхъахъхъӕнӕг органты кусӕг.
Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий хицауады уӕнгтимӕ экстренон рабадтыл бахӕс кодта уагдӕттӕн хъус дарын хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ хосты ӕргътӕм ӕмӕ ма руадзын сӕ ӕнӕбындурон фӕфылдӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0