Рæстдзинад уæддæр рабæрæг вæййы: Уазæгты Юрий информацион хæсты тыххæй

Уазæгты Юрий информацион хæсты тыххæй
Рафыссын
Уæрæсейы фадæттæ техникон æгъдауæй не сты уæрæх, æмæ уымæ гæсгæ фæзын уыдзæн Донбасс æмæ Украинæйы уавæры фæдыл раст информаци хæссын ныгуылæйнаг паддзахадтæм, нымайы хуссарирыстойнаг политолог Уазæгты Юрий.
Роскомнадзор сæхгæдта Фейсбук Уæрæсейы территорийыл, уымæн æмæ Америкæйы Иугонд Штатты паддзахад рагæй фæстæмæ блокировкæ кæны уæрæсейаг каналты куыст. Фыццаг нæ уагътой хæст цырын кæныны æрсидтимæ æрмæджытæ публикаци кæнын, ныр рæстæгмæ уадзынц адæмы, цæмæй публикаци кæной Уæрæсейы цæрджыты бафхæрыны æрмæджытæ. Фæстæдæр Meta Platforms Inc. пресс-секретарь Энди Стоун банысан кодта, æфхæрды ныхæстæ кæй уадзынц æрмæстæдæр æфсæддонты ныхмæ, зæгъгæ, сабыр цæрджыты ныхмæ нæ уадзынц ахæм æрсидтытæ.
"2008 азы Хуссар Ирыстоны дæр цыд информацион хæст, фæлæ Евроцæдисы уæддæр басастой, рæстдзинад рабæрæг ис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, кæд ныр ис проблемæтæ информацион фадыджы, уæддæр цыбыр рæстæджы фæстæ уавæр æрнывыл уыдзæн", - бахахх кодта политолог.
Бæстондæрæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0